Мамука Бахтадзейæн премьер-министры рангы абон фыццаг кусæн бон у.
Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, ног премьер, администрацимæ бахызт æхсæнадон бацæуæнæй.
Премьер-министр ныридæгæн йæ къух бафыста хицауады уæнгты снысаны фæдыл барамындыл.
Гуырдзысотны парламент хицауады скондæн æмæ хицауадон программæйæн «Сæрибардзинад, цырд тынгад, дзæбæхдзинад» æууæнк знон расидтис.
Хицауадæн æууæнк расидæнæн йæ фарс рахæцыд 99 депутат, æмæ йæ ныхмæ та æрмæст 6 схъæлæс кодтой.