Мамука Бахтадзе - Уырнæг дæн, Азербайджанмæ тынг æнтыстджын визит, ног импульс ратдзæн нæ экономикон æмгуыстадæн
Гуырдзыстон æмæ Азербайджан сты стратегион партнертæ, мах иумæ бахъом ыстæм тынг бирæ глобалон нысаниуæгы проекты реализаци скæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Азербайджаны Республикæмæ официалон визит куы схатдзæг кодта – уæд.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй тынг æнтыстджын фембæлдтæ сырæзт Азербайджаны президентимæ, премьер-министримæ, æмæ парламенты сæрдаримæ.
«Фæуынаффæ кодтам уыцы ног проектты тыххæй, кæцыты сæххæст кæнын нæ бон у иумæ æмæ кæцытæ нæ экономикон ахастытæ ноджы фæфидардæр кæндзæн. Уыйимæ иумæ ма, тынг конкретон хынцинæгтæ райстам нысанмæ. Ацы аз нæ базарадон зилдух уыдзæн иу миллиарды фæлгæтты æмæ хъуыды кæнæм, цæмæй иннæ дыууæ азы дæргъы гæнæн суыдзæн ацы цифрæйы 50-60% фæхуыздæр кæнын. Уымæй уæлдай ма, æрныхас кодтам, иумæййаг кондадтæ саразыны фæрæзты тыххæй. Гуырдзыстоны иунæг бæстæ у регионы, кæцымæ ис сæрибар базарады режим куыд Евроцæдисимæ, афтæ Китайимæ. Азербайджан у иуæй-иу сеппæтæй ставддæр инвестор Гуырдызстоны æмæ ацы æрдгæй, цæй зæгъын æй хъæуы, ис тынг стыр потенциал» -райхъусын кодта премьер-министр.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй Гуырдзыстон æмæ Азербайджанæн тынг дзæбæх æмахаст ис ахуырад æмæ культурæйы сферæты, фæлæ ис фарстатæ, кæцыты фæхуыздæр кæнын æмæ рапарахат кæнын хъæуы.
«Ацы рæстæджы мах бадзырдтам, цæмæй финансон сферæйы нын уыдзæн уæлæмхас консультацитæ. Абон нæ сæрибар базарадон режим не ндавы лæккады сферæмæ. Ам дæр уæлæмхасæй иртасæн ауадздзыстæм æмæ хъуыды кæнæм ног сæрибар базарадон режим ахъаззаг уыдзæн Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн æмгуыстады фылдæр райрæзын кæнынæн. Уыдис тынг дзæбæх, тынг æнтыстджын визит, кæцы уырнæг дæн, ног импульс ратдзæн нæ экономикон æмгуыстадæн» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.