Мамука Бахтадзе Турчы ног минæваримæ базонгæйы равгы фембæлд сарызта
Финансты министр Мамука Бахтадзе æмæ турчы Республикæйы ногнысангонд сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны Фатма Джерен Язган финансты министрады уагъд фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны æмæ Турчы æхсæн базарадон-экономикон ахастытæ æркастысты.
Финансты министр туркаг дипломатæн раарфæ кодта Гуырдзыстонмæ минæварæй снысан кæнын æмæ йын æнтыстытæ ракуывдта йæ фидæн куысты.
Фембæлдыл баххах кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн дыууæфарсон æмæ регионон проектыты партнерады нысаниуæг, Гуырдзыстоны æмæ Турчы, куыд транзитон функцийы сæххæстгшæнæг бæстæты ролы сбæрзонддæр кæнын регионы.
Турчы Республикæйы минæвар финансты министрæн бузныг загъта фембæлды рæстæджы райст информацийы тыххæй æмæ цæттæдзинад сфиксир кодта, максималонæй баахъаз кæна дыууæ бæстæйы æмкуысткæнынад куыд дыууæфарсон – афтæ бирæфарсон форматты.