Мамука Бахтадзе – транзитон  фæндаджы дæргъмæ цы   æфсæнвæндæгтæ æмæ бæстæтæ  ис, уыдонæй  алкæмæй  хуыздæр бæрæггæнæнтæ нын ис
Мамука Бахтадзе – транзитон фæндаджы дæргъмæ цы æфсæнвæндæгтæ æмæ бæстæтæ ис, уыдонæй алкæмæй хуыздæр бæрæггæнæнтæ нын ис

Цаваæр  транзитон  потенциалы  сæфтыл  дзурут,  ацы тарнзитон фæндаджы дæргъмæ, цы æфсæнвндæгтæ æмæ бæстæтæ  ис,  уыдонæй сеппæтæй  хуыздæр  бæрæггæнæнтæ нæм  куы ис уæд? –  ахæм дзуапп  ратта   парламенты пленарон рабадтыл   финансты министр  Мамука Бахтадзе  оппозиционер  депутатты Ирма Надирашвилийы  æмæ  Роман Гоциридзейы  фидиуæнтæн,  цæвитон Гуырдзыстоны æфсæнвæндаг зианыл кусы.

Бахтадзейы ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны æфсæнвæндаг  йæ хъуыддаджы   сеппæтæй  хуыздæр у.

 

Цыфæнды  компанийы  капитализаци  æмæ æнтыст  бæрæг сты йæ операцион  пайдаджындзинадæй  кæнæ та, а.х.  маржайæ,  кæцыитæ  компанимæ ис.  Нæ мæ фæнды   ацы дискуссимæ бахизын,  уымæн æмæ  цыппар азы дæргъы   ацы организацийæн къухдариуæг кодтон,  фæлæ  куыд экономист,   рацыдыстут  идеяйæ  æмæ  кæрæдзиимæ сбарстат  цыппар æндæр æмæ æндæр цифрæтæ, кæцыйы гæнæн нæй.    Ууыл ныхас цæмæй,  æфсæнвæндаг   йæ  транзитон   потенциал  фесæфта, æндæртæ йæ  фæстийæ фæуагъдтой  æмæ а.д.  раст нæу.    Кæрæдзийы æрдæм субъективон цæмæй ма уæм,  æрхæсдзынæн уын хуымæтæг амал.    Æнæхъуаджы у  уымæ хъусын,,  æфсæнвæндаджы  раздæры  къухдариуæггæнæг  цы дзуры   уыцы компанийы,  кæцыйы  сæргълæууæг уыд,  кæнæ уыцы адæймаджы  позици,  кæцы политикъон аргълæвæрдтæ дзуры.  Цымидисон у,  уый  æмæ цы  хъуыды кæнынц   инвестор æмæ  фондон биржæ,  кæцыйыл  æфсæнвæндаджы  бондтæ  квотæтыл нымад цæуынц.  Слайдыл зыны   цæмæй  сеппæтæй   хуыздæртæ стæм» –  загъта Бахтадзе, Гоциридзейæн.

Финансты  министр  йæ  хъусдард сцырын кодта   æфсæнвæндаджы  транзитон  функцийыл  æмæ  депутатты фарстывтæн дæтта дзуаппытæ.