Мамука Бахтадзе – солидарондзинады иухаттон акт, æмбæстæгтæн ратдзæн фадат, æххæстаргъджын экономикон æмæ социалон цардуагмæ æрыздæхын
Базарадон экономикæйы сæйраг принцип у уый, цæмæй архайæг æгъдæуттæ кæнæ регуляцитæ алкæмæн дæр хъуамæ уа æмбæрц – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-=минситр Мамука Бахтадзе «фейсбук-лайвы» интернетпайдагæнæджы лæвæрд фарсты дзуаппæн райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонæн зæгъгæ ис дыууæ знаг, уырыссаг оккупаци æмæ мæгуырдзинад.
«Мæгуырдзианад расайæг иуæй-иу сæйраг ратæдзæн у уæлдайджэын хæстæ æмæ ууыл куы мнæ фæтых уæм, уæд мæгуырдзинад кæрон скæнын нæ рауайдзæн. Уæлдайджын хæсты расидæг та ссис æнæбрнон кредит лæвæрды системæ. Уымæ мбæлгæйæ дæр, алы æртыккаг æмбæстаг хаст æрцыд а.х. сау номхыгъдмæ, кæцы у принципонæй нæрайсгæ æмæ нын уый амоны проблемæйы масштабтыл. Цалдæр мæйы куыстам ацы проблемæйыл æмæ парламенты дæр райстам нæхимæ хæслæвæрд. Стыр бузныг фонд «Карту»-йæн, кæцыйы æххуысæй дæр бахъом стæм ацы проекты реализаци» – рахйхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьер-министр пайдагæнджытæн афтæдæр хатыр ракуырдта vali.ge-ы куысты фыццаг сахатты сæвзæрд аиппыты тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй ацы рæстæгмæ веб-фарсыл æвæрд сты 6 банкъы, 400 минæйы фылдæр адæймагы бæрæггæнæнтæ.
Премьер афтæдæр райхæлдта, цæмæй кæд æмбæстагæн vali.ge-ы сæрмагонд бæрæггæнæнты ныффыссыны рæстæджы фæбæрæг ис хæс, уæд автоматонæй афæдзы кæронмæ ацы хæс хардзгондыл нымад æрцæудзæн.
Мамука Бахтадзе афтæдæр банысан кодта, цæмæй хицауадмæ фæнысангонд проекты позитивон макроэкономикон эффекты æнхъæлц ис.
«Арæх вæййы, кусæг тыхыбын куы бавæййы, йæ хистæрæй ракура мызд йын банкъон хыгъдмæ ма арвита, уымæн æмæ йын банкъ зæгъгæ хца байсдзæн æмæ йæхимæ та цæрынæн хъæугæ суммæ нал баззайдзæн. Сау Номхыгъды æмбæстæгты ахæм бæрц, йæ къух аразы талынг экономикæйæн. Ацы иницативæйы фæстиуæгæн не мбæстæгтæн сæ бон бауыдзæн æрыздæхой æххæстаргъджын экономикон æмæ социалон цардуагмæ. Уыцы адæм, чидæриддæр ацы проблемæйы тыххæй скуыд уыдис йæ экономикон активондзинадæй æххæстæй спайда кæнынæй, лыстæг бизнес райдынæй, ныр уæгъдибарæй адарддæр кæндзæн архайын æмæ базарадон экономикæйы кой куы кæнæм, уæд уымæн уыдзæн иттæг позитивон эффект» -райхъусын кодта премьер.