Мамука Бахтадзе, сфысым кодта  НАТО-ы генералон  нымæрдарæн
Мамука Бахтадзе, сфысым кодта НАТО-ы генералон нымæрдарæн

Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе,   кусæн  æхсæвæрыл   сфысым кодта  НАТО-ы генералон  нымæрдар  Йенс Столтенбергæн,  кæцы  Тбилисмæ абон æрцыд.

Хицауады  сæргълæууæг  Столтенбергæн  Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй  бузныг   загъта æмæ банысан кодта, цæмæй уый  НАТО-йы æрдгæй æнцой дарынады  ноджы иу  бæлвырд у зæгъгæ.  Фæрстæ  Гуырдзыстоны, НАТО-йы  уæнг суæвыны  процессы  цыд æмæ  евро-атлантикъон   интеграцийы  фæндагыл бæстæ цы прогрессмæ  æрцыд  уывй  тыххæй  фæныхас  кодтой.

НАТО-йы  генералон нымæрдар  НАТО-йы Бухаресты саммитыл райст уынафæйæн  альянсы иузæрдæдзинад  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.

НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ абон  æрцыд. Столтенберг  Тбилисы официалон фембæлдтæ  сом  райдайдзæн.