Мамука Бахтадзе - Сентябрæй гуырдзиаг скъолатæм æрыздæхдзæн Якоб Гогебашвилийы «Деда Эна», алы фыцццаг къалссаг æй райсдзæн æнæфидгæйæ
Сентябрæй гуырдзиаг скъолатæм æрыздæхдзæн Якоб Гогебашвилийы «Деда Эна», алы фыцццаг къалссаг æй райсдзæн æнæфидгæйæ – уый тыххæй Гурдзыстоны премьер-мниистр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта Якоб Гогебашвилийы музейы Варианийы, цы ран ацыд мадзал «Деда Энайы» адаптацигонд варианты скъолатæм æрыздахынмæ гæсгæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ахуыргæнæн чиныг алы фыццаг-кълассаг райсдзæн æнæфидгæйæ.
«Ам райгуырдис стыр гуырдзиаг, кæцы сфæлдыста махæн алкæмæн уарзон чиныг, «Деда Эна». Адæймаг, кæцы егъау хайбавæрд скодта историкъон миссиимæ, кæцы хуыйны гуырдзиаг æвзаджы апарахад кæнын. Абон стæм Якоб Гогебашвилийы музейы, æмæ мæ фæнды ардгæй раарфæ кæнын æппæт Гуырдзыстонæн. Ай уыдис эпохæ, кæцы рæстæджы дæр иттæг нысаниуæгджын уыд, цæмæй æцæг патриоттæ иумæ лæууыдаиккой. Уый уд егъау быцæусидт уæды Гуырдзыстонæн, гуырдзиаг æвзаг куы слæууыд фæтаруыны тасы раз. Гуырдзиаг патриоттæн бантыстис цæй гæнæн нæ уыд уый саразын, бахъом сты чиныг саразын, кæцы лæвæрд цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, кæцы нын нæхимæ æруыгъдта сеппæтæй сыгъдæг, гуырдзиаг æвзаг æмæ гуырдзиаг абетæ. Якоб Гогебашвили йæ чиныг куы фыста, уæд йæм раст ацы фæнд уыдис, цæмæй чиныг фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд цыдаит, цæмæй бахъахъхъæдтаиккам сеппæтæй сыгъдæг дæр, не взаг æмæ нæ абетæ», – райхъусын кодта премьер-министр.