Мамука Бахтадзе - Сабырад нын æрхæсдзæн ахæм Гуырдзыстон, кæцы у альтернативæ кæмæн нæй ахæм æнхъарæн не æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрынц оккупацигонд территоритыл
Мамука  Бахтадзе - Сабырад нын  æрхæсдзæн  ахæм Гуырдзыстон, кæцы у альтернативæ кæмæн нæй  ахæм æнхъарæн  не æмбæстæгтæн,   кæцытæ цæрынц  оккупацигонд территоритыл

Сабырад  нын  æрхæсдзæн  ахæм Гуырдзыстон, кæцы у альтернативæ кæмæн нæй  ахæм æнхъарæн  не æмбæстæгтæн,   кæцытæ  абон  цæрынц  оккупацигонд территоритыл,  уыдонимæ иумæ  хъуамæ  саразæм фидар  æмæ  иууон  паддзахад – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  райхъусын кодта  абоны  пресс-конференцийыл.

Мамука Бахтадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   10 азы размæ Уæрæсейы  Федераци сæххæст кодта ноджы  иу  агресси гуырдзиаг паддзахаддзинады  ныхмæ. Уый уыд сегасæй  фыдбонтæ нæ бæстæйы ногдæр  историйы.

«Уæрæсейаг агресси,  нæ бæстæйы территориты оккупаци,  амæттаг,   дæсгай мин  лигъдæттæ, сты  æнæхосгæнгæ  рыст Гуырдзыстоны  алы æмбæстагæн. Тынг фыд бонтæ  уыдысты.  Уыцы  бонтæ нын  ноджы иу  хатт равдыстой,  цæмæй   фæндаг кæцыйыл  Гуырдзыстон  лæууы  фидарæй,  едзаг у сидтытæй,  фæлæ  уыцы рæстæджы  афтæдæр нын равдыстой  уый æмæ,  нæ бæстæйы æмæ адæмы  иудзинады  руаджы,  æнæмæнгæй  баххæсдзыстæм  уыцы нысанмæ, кæцымæ дæр тырнæм. Фæнды мæ ноджы иу хатт  райхъусын кæнон,  цæмæй агрессийæн нæ  дзуаппæй уыдзысты  уыцы сидтытæ –   сабырад æмæ фидар паддзазхады арæзтад,европæйаг гъæды æмæ философимæ  æмбæлон  паддзахадон институтты арæзтад.    Сабырадмæ мацы хъуамæ æртъхъирæн кæна нæ  бæстæйы,  сабырадæн альтернативæ нæй. Дыууæ боны дæргъы мын уыд  бирæ  фембæлдтæ бинонтимæ,  кæцытæ фехъуаг сты сæ хотæй, æфсымæртæй, ныййарджытæй. Фæнды  мæ зæгъын,  ноджы иу  хатт  бамбæрстон, цæмй  ахаст у ахæм – сабырадæн  альтернативæ нæй.  Сабырад  нын  æрхæсдзæн  ахæм Гуырдзыстон, кæцы у альтернативæ кæмæн нæй  ахæм æнхъарæн  не æмбæстæгтæн,   кæцытæ  абон  цæрынц  оккупацигонд территоритыл. Мах æнæмæнгæй хъуамæ саразæм къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм». – райхъусын кодта Мамука  Бахтадзе.