Мамука Бахтадзе – Ричард Лугар Гуырдзыстоны сегасæй хуыздæр хæлар уыд
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, америкаг сенаторы Ричард Лугары мæлæты тыххæй хъыгтæ дзуры.
«Дуне фæхъуаг ис фидар æхсæнадон архайæгæй, кæцы дæсой азты дæргъы хайад иста Америкæйы Иугонд Штатты æддаг политикъæйы æрфидары. Сенатор Ричард Лугар уыдис Гуырдзыстоны сегасæй хуыздæр хæлар æмæ нæ зæрдыл дардзыстæм куыд адæймаг, кæцы дуне фæхуыздæр кодта. Гуырдзыстон кæддæриддæр уыдзæн сенатор Лугары арфæгæнæг» – фыссы Бахтадзе социалон хызаг «Твиттеры».
Раздæры сенатор Ричард Лугар, кæцы сенаты Республикаг партийæ 1977-2013 азты уыд, знон 87 азы кары æрбамард.
Йæ номыл у Гуырдзыстоны уæвæг æхсæнадон æнæнизхъахъъæды центр.