Мамука Бахтадзе - Премьер-министры рангы фыццаг визиты бынатæй Брюссель сывзарын логикон уыд
Премьер-министры рангы фыццаг визиты бынатæй Брюссель сывзарын логикон уыд – уцый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, Брюсселы европаг советы президент Донльд Тускимæ фембæлды фæстæ, иумæйаг фидиуæнты рæстæджы банысан кодта.
Уый Дональд Тускъæн бузныг загъта æмæ Евроцæдисы æмæ Гуырдызстоны интеграцион процессы фæтыхджындæр кæныны йæ хайбавæрд банысан кодта.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын президен Дональд Тускъæн хъарм фысымдзинады тыххæй. Мах бæрзонд аргъ кæнæм Евроцæдисы æххуысæн æмæ сæрмагондæй уæ хайбавæрдæн Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны интеграцион процессы фæтыхджындæр кæныны. Фæнды мæ зæгъын, цæмæй Гуырдзыстон ацы ф æндагыл хъæддыххæй ралæууыд» райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Европаг советы президентимæ фембæлдыл æмкуысткæнынады перспективæтæ æркастысты.
« Фембæлды рæстæджы нæм уыд фадат, аргъ скæнын дыууæфарсон ахастыты боны фæтк æмæ æркастаиккам нæ æмахасты æмæ æмгуыстады фæарфдæр кæныны перспективæтæ. Ассоциацидзинады бадзырдæй, кæцы арф æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарады бадзырдмæ æххæссы, нæ закъондæттынады æмæ институцион системæй Евроцæдисы нормæтæм æмæ стандарттæм æмбæлын кæнæм»- загъта Гуырдзыстоны премьер.
ЙÆ аргълæвæрдæй, уымæй сразæнгард сты хицауады реформæйы процесстæ, кæцы демократийы æмæ хæрзхицаудзинады, закъоны сæйрагдзинады æмæ стабилондзинады фæтыхджындæр кæныны æрдæм у.
«Арф æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарады бадзырды руаджы æххæст кæнæм экономикæйы модернизаци æмæ цадæггай интеграци кæнæм Евроцæдисы базаримæ.
Реформæтæ фæстиуæгæн æрхастой Евроцæдисимæ базарады æнæцудгæйæ рæзынад, кæцы Евроцæдисы махæн скодта сегасæй ставддæр базарадон партнерæй» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон тынг цырдæй хуыздæр кæны æхсæнадæмон рейтингтæ æмæ хуыздæр бизнес æмæ инвестицион климат æвзæрын кæны.
«Æнæвизæ режим æрхаста комкоммæ æнкъаргæ фæстиуджытæ не мбæстæгтæн. Ахъаззаг уыд хъуыддагджын, академион, туристон, куыльтурон цæдисты фылдæр фæфидардæр кæнынæн нæ дыллæты æхсæн№ – банысан кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы æнтыстытимæ иумæ ис бæрн дæр, кæцыйы Гуырдзыстон æххæстæй æмбары æмæ исы йæхимæ.