Мамука Бахтадзе – Нысаниуæгджын у цæмæй Ангела Меркелы визит, политиконæй уæлдай ма, экономикон компоненттæм дæр æххæссы
Раздзог европаг бæрзонддæр рангы гæс нæм кæй фæуазæг ис уымæй ноджы иу хатт бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон Европæйæн æцæгдæр у æууæнкаг æмæ æнæфæсайгæ партнер – Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе хицауады рабадты райдаыны размæ, Германийы канцлер Ангела Меркелы Гуырдзыстонмæ плангонд визитыл ныхасы рæстæджы рахъусын кодта.
«23 августы Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Германийы канцлер Ангела Меркел. Ай у йæ фыццаг официалон визит Гуырдзыстонмæ.
Бæрзонд æвмæзады визитæй бæрæг у Гуырдзыстон-Германийы æхсæн куындæг ахастыты хъæд.
Нысаниуæгджын у, цæмæй политиконæй уæлдай, ацы визит хæлиу кæны экономикон компоненттæ дæр, Меркелимæ иумæ æрцæудзысты бизнес-зылдты минæвæрттæ дæр, кæцытимæ нын уыдзæн фембæлд тымбыл фынгы форматы. Нысаниуæгджын у, ацы фембæлдты хайад кæй райсдзысты гуырдзиаг компанитæ дæр.
Визиты рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæудзæн Гуырдзыстон-Германийы ахастыты фæстæдæр фæарфдæры, дыууæ бæстæйы æзхсæн партнерон ахастыты æмæ хæлардзинады ноджы фылдæр фæфидар кæныны æрдæм.
Раздзог европаг бæстæйы бæрзонддæр рангы гæсы визит, ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй гуырдзыстон Европæйæн æцæгдæр у æууæнкаг æмæ æнæфæсайгæ партнер»,- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.