Мамука Бахтадзе - Нæ  территориты зæгъæн ис 20% абон дæр Уæрæсейы Федерацийы  æрдгæй оккупацигонд сты, сеппæтæй  хуыздæр дзуапп ацы сидтæн у демокративон институтты арæзтад æмæ экономикæйы  конкурентхъомад фæхуыздæр кæнын
Мамука Бахтадзе - Нæ территориты зæгъæн ис 20% абон дæр Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй оккупацигонд сты, сеппæтæй хуыздæр дзуапп ацы сидтæн у демокративон институтты арæзтад æмæ экономикæйы конкурентхъомад фæхуыздæр кæнын

Нæ  территориты зæгъæн ис 20% абон дæр Уæрæсейы Федерацийы  æрдгæй оккупацигонд сты; бæлвырдæй дарддæр кæнæм  прроблемæйы политикъон фæндагæй  аскуыддзагыл кусын –  ахæм дзуапп  премьер-министр Мамука Бахтадзе  америкаг WSJ Frontiers-ы  фарстæн, ис æви нæ  зæгъгæ исты прогресс  Уæрæсеимæ Гуырдзыстоны ахастыты нормализацийы  æрдгæй.

Премьер банысан кодта,   цæмæй   сеппæтæй  хуыздæр   дзуапп ацы сидтæн  у  демокративон  институтты   арæзтад æмæ   экономикæйы   конкурентхъомады фæстæдæр фæхуыздæр.

Журналист   интервьюйы рæстæджы  афтæдæр бацымидис кодтаБлокчейнмæ гæсгæ арæзт къахдзæфтæй дæр.   Мамука Бахтадзейы дзырдæй,  Гуырдзыстон у  фыццаг бæстæ,  кæцы  йæ æхсæнадон   лæккады сферæйы – сæрмæмулкъы  регистрацийы  рæстæджы  æрфидар кодта  блокчейны  технологитæ.

«Æцæгæй дæр   диссаджы  фæстиуджытæ райстам. 30%-æй  фæкарддæр кодтам  операицон   хардзтæ  æмæ  райрæзын кодтам   продуктивондзинад.  Абон сæрмагонд хъусдард здахæм  æнæнизхъахъъæды  æмæ ахуырад, цифрон технологитæм куыд ахизын кæнæм  –  дыууæ дæр секторы   спайда кæндзыстæм  блокчейнæй. Блокчейны технологийæн æмæ концепцийæн сæ бон у   хицауады æмæ  паддзахадон уагдæтты   лæвæрд   лæккады  æмвæзад  банкъаринагæй   райрæзын кæнын. Архайæм  ацы  технологийы  æрфидар- райтынг кæнын  алы  сæйраг   сферæйы» –  банысан кодта  премьер   итервьюйы,  кæцыйы WSJ Frontiers  ныффыста  АИШ-æм йæ визиты рæстæджы.

Информацийы  хæлиу кæны  премьер-министры   пресс-куыст.