Мамука Бахтадзе Монреалы Америкæйы æхсæнадæмон экономикон форумы президентимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Монреалы Америкæйы æхсæнадæмон экономикон форумы президентимæ фембæлд.
Николас Ремилард Мамука Бахтадзейæн, форумы хайад райсыны тыххæй раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй премьер-министры ралæуд, Гуырдзыстоны инвестирдзинадæй цымидисджын бизнесментæн нысаниуæгджын æрвитæггаг уыдзæн.
Фембæлды рæстæджы хицауады сæргълæууæг фæныхас кодта Гуырдзыстоны уæвæг инвестицион æрдзыл, авторитетон æхсæнадæмон институтты рейтингы бæстæйы раздзог позицитыл æмæ технологиты æмæ инновациты экосистемæйы рапарахаты æрдæм плангонд къахдзæфтыл.
Гуырдзыстоны премьер-министр Канадайы сахар Монреалы, Америкæйы æхсæнадæмон экономикон форумы конференцийы исы хайад. Мамука Бахтадзе, байгомы сессийы хайадисджытæм баздæхдзæн æмæ баиу уыдзæн дискуссимæ темæйыл, – «Глобалон экономикæ ахизгæ периоды» .
Монреалы конференци, кæцы 1995 азæй æрвылазонæй цæуы уагъд, экономикон глобализацийы фарстатыл уынаффæйы тыххæй æмбырд кæны политикъон лидерты, паддзахадон, хицæн секторы, æхсæнадæмон организациты æмæ æмбæстагон секторы минæвæртты. Форум афтæдæр ахъаззаг у бæрзонд гæсты æмæ ставд корпорациты къухдариуæггæнджыты æхсæн комкоммæ контактты æрфидар кæнын.
Монреалы конференци 10 июны байгом ис æмæ 13 июны фæуыдзæн.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.