Мамука Бахтадзе - лыстæг бизнесæн æххуысы реформæ Дунейы экономикæйы историйы прецедент кæмæн нæй ахæм практикæ у
Гуырдзыстоны финансты министр Мамука Бахтадзейы аргълæвæрдæй, лыстæг бизнесæн æххуысы реформæ Дунейы экономикæйы историйы прецедент кæмæн нæй ахæм практикæ æрфидар кæнын дары йæ хъуыдыйы.
Хицауады абоны рабадты фæстæ Мамука Бахтадзæ куыд райхъусын кодта, афтæмæй ног закъонопроект зæгъгæ, кæцы лыстæг амалиуæгдæрттæн æххуыс дары йæ хъуыдыйы, финансты министрад æрцæттæ кодта, премьер-министры инициативæйæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд реформæ, ног уылæны хай у æмæ йæ фæдыл рацæудзысты ног фидтонон инициативæтæ дæр.
Премьер—министр Гиорги Квирикашвили, хицауады рабадтыл райхъусын кодта, цæмæй лыстæг амалиуæгдæрттæн, ног уæлбарджын фидтонон системæ скусдзæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног закъондæттæн инициативæмæ гæсгæ, лыстæг амалиуæгдæрттæн зилдухы фидинаг фæкъаддæр уыдзæн æмæ 5% фдинаг æрхиздзæн 1%-мæ. Уымæй уæлдай, 500 мин ларийы онг кондад дæр, лыстæг бизнесы категримæ ахиздзæн.