Мамука Бахтадзе – кредиты æмткæйон суммæйæ ивар банымайын фæтобæ уыдзæн алы æфстаудæттæгæн
Æфстаудæтджытæн кредиты æмткæйон бæрцæй ивары банымайын фæтобæ уыдзæн – уый фæдыл финансты министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта.
Уый журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, ивары банымайыны архайæг системæ зæгъгæ, фæмацы уыдзæн.
«Абон архайæг æнæбæрнон æмæ æнæраст ивары бахыгъды системæ ивд æрцæудзæн æмæ алы æфстаудæттæгæн фæтобæ уыдзæн ивар нымайын кредиты æмткæйон бæрцæй»- райхъусын кодта финансты министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, тынг бирæ цауты, суммæ бафидыныл æмгъуыдаивгъуыды рæстæджы, ивартæ, лæвæрд кредиты æмткæйон бæрцæй иу хыгъд кодтой.
«Ай уыд сеппæтæй æнæраст момент, уымæн æмæ æнæкæсгæ бæрæг регуляцитæм, арæх цаутæ æмгъуыд аивгъуыды цауы иу, ивар куы нымадтой æмткæйон суммæйæ, уыцы кредиты бæрцæй, сæрцыфыццыг лæвæрд кæцы æрцыд – уырдгæй» бамбарын кодта финансты министр.
Ног регуляцийæ та, ивар нымад цæудзæн æрмæстдæр баззайгæ сумæйæ.
«Ног регуляцимæ гæсгæ, алчи хæсджын уыдзæн ивар банымайа æрмæст баззайгæ суммæйæ. Дæнцæн, кæд адæймаг кæцы æфстау райста 1000 лари хæс, 800 бафыста æмæ йæ ивар кæнынц 1000 ларимæ гæсгæ, уæд кæй зæгъын æй хъæуы уый раст нæу» – загъта финансты министр.
Мамука Бахтадзе абон хицауады рабадтыл, уæлдайджын хæстæм гæсгæ бавдыста закъондæттæн ивындзинæдты пакет, æрмæст рабадты фæстæ, журналисттимæ у фæныхас кодта 5 принципыл, кæцыты йæ ныхæстæм гæсгæ, бындурæвæрд уыдзæн ног инициативæ. Детæлтты финансты министр 29 майы презентацийыл фæныхас кæндзæн.