Мамука Бахтадзе -  Кърцъанисы хъæд-паркъ  уыдзæн гом, змæлды бар уыдзæн æрмæст фистæгæй, велосипедтыл кæнæ  электромобильтыл [фото]
Мамука Бахтадзе - Кърцъанисы хъæд-паркъ уыдзæн гом, змæлды бар уыдзæн æрмæст фистæгæй, велосипедтыл кæнæ электромобильтыл [фото]

Абон мах æрывнæлдтам иттæг ахсджиаг проектмæ,  кæцыйæ сæрыстыр уыдзæн æнæ æрмæст мах  фæлæ   ма  фидæн фæлтæртæ  дæр.  Ныр райдайæм  Кърцъанисы хъæдпаркъы  сæндидзын гæнæн куыстытæ- райхъусын кодта  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе, райхъусын кодта  биобирæгъуызондзинад сæндидзын кæныны программæйы  презентацийы рæстæджы.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  хъæд-паркъы   бавдыст уыдзæн æнæ æрмæст   уникалон флора æмæ фаунæ, фæлæ ма  Сырх ЧИныгмæ хаст зайæгойтæ дæр.

«Ам мах  сараздзыстæм  æцæг  æгас  музей,  кæцыйы дæр уыдзысты  бавдыст æнæ æрмæст   уникалон флора æмæ фаунæ, фæлæ ма  Сырх ЧИныгмæ хаст зайæгойтæ дæр.  Уый махæн тынг ахсджиаг у, цæмæй  нæхимæ æруадзæм æмæ  срæвдз  кæнæм  биобирæгъуызондзинад  ацы  алæмæттаг  регионы.  Иурæстæгонæй  ногæй йæ къæхтыл слæудзæн  Кърцъанисы  хъæды  æрдзон   функци – уый  уыдис  рекреацион зонæ  кæцы  иу кодта Тбилис æмæ Рустав. Паркъ гом  уыдзæн алкæмæн дæр» –  райхйусын кодта премьер.

Мамука Бахтадзе  куыд  загъта афтæмæй,   паркъы  змæлын гæнæн уыдзæн  æрмæст фистæгæй, велосипедтыл кæнæ  электромобильтыл.

Афæтма мадзалыл   дзырдæй  ралæуды рæстæджы,  Мамука Бахтадзе банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ адæймагон капиталы рæзынимæ параллелонæй  зæгъгæ Гуырдзыстонмæ  ис егъау  потенциал, цæъх экономикæ æмæ экотуризм рапарахат кæнынæн.