Мамука Бахтадзе - хъæуы нæ Европаг коллегæты æххуыс, цæмæй сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм» куыд гæнæн ис афтæ цыбыр æмгъуыдтæм æрфидар кæнæм
Нæ еквропæйаг коллегæты æххуыс нын æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм», куыд гæнæн ис, афтæ цыбыр æмгъуыдмæ æрфидар кæнæм, – уый фæдыл премьер-министр, Мамука Бахтадзе райхъусын кодта Батумы уагъд æхсæнадæмон конференцийæн аргълæвæрды рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æндæр фарстатимæ иумæ, европаг коллегæтимæ оккупацигонд территоритыл уæвæг гуманитарон кризисимæ баст детæлтты тыххæй сырæзт ныхас.
«Фæнды нæ тынг деталон ныхас уыцы гуманитарон кризисы фæдыл, кæцы нын ис оккупацигонд территоритыл æмæ уыймæ иумæ, уыцы сабырадон инициативæйыл, кæцы хуыйны «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм». Нæ европаг коллегæты æххуыс нæ хъæуы уый тыххæй, цæмæй ацы сабырадон инициативæ куыд гæнæн ис, афтæ цыбыр æмгъуыдтæм æрфидар кæнæм», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæма премьеры аргълæвæрдæй, конференцийы фæлгæтты гуырдзиаг дзыллæ ноджы иу хатт байхъуыста, цæмæй цы масштабы фарсхæцын ис Гуырдзыстонæн æмæ цас нысаниуæгджын роль йæ бон у сæххæст кæнын Сау Денджызы æдадсзинады концепцийы.