Мамука Бахтадзе - этникон дискриминацийы фæрцы, Уæрæсейы архайы гуырдзиаг идентондзинад æдбын схафын, фæлæ сын нæ бантыстдзæн, мах уый нæ бауадздзыстæм
Цыфæнды æнтыстмæ æнæкæсгæ, оккупиргонд территоритыл рахатæм адæймаджы барты æрдгæй уæвæг быцæусидты раз кæй рæулауæм уый, – ахæм фидиуæн Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Европæйы Советы парламентон ассамблейы рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстоны территориты 20 процент оккупацигонд сты Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй.
«300 минæй фылдæр тыхбын бынативгæ уæнгмæ нæй фадат хæдзармæ æрыздæхын æмæ æрвылбононæй рахатæм, телтæй æмбондты, оккупацигонд территориты депопуляцийы, адæймаджы барты æбуалгъ халын æмæ æмтгæй райсгæйæ уавæры фæфыддæр проблемæ, кæцы гуманитарон катастрофæйæ дарддæр ницы гæнæн ис хонын, ацы термины алы нысаниуæгæй.
Ацы регионты райрæзгæ милитаризаци æххæст темпæй цæуы æмæ æрвылминутонæй рæзы депопулляцийы уынинаг. Уæззау гуманитарон, социалон-экономикон æмæ адæймаджы барты халындзинады тыххæй,окупиргонд территоритыл цæрджыты нымæц 5-6 хатты фæкъаддæр ис», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьер куыд банысан кодта, афтæмæй, уый æппæты фæстиуæгæн райстам Уæрæсейы æфсæддон базæтæ Гуырдзыстоны тæккæ астæу.
Премьер оккупацион хаххы цур адæймæгты скъæфтыты æрдæм раздæхта хъусдард. Афтæдæр Арчил Татунашвилийы, Гига Отхозориайы, Давит Башарулийы æмæ Ираклйи Кварацхелиайы мæлæтыл фæныхас кодта.
«Мах нырма дæр рахатæм Гуырдзыстоны æмбæстæгты скъæфты, хъизæмары æмæ марындзинады тас. Арчил Татунашвили, Гига Отхозориа æмæ 18 аздзыд Давит Башарули, фæстагрæстæгон амæттæгты нæмттæ сты.
Цалдæр къуырийы размæ, Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстагы Ираклий Кварацхелиайы æнæзакъононæй æрцахстой. Мигъджын аууæлтты йæ мæлæты аххосæгтæ та бæрæг не сты. Иу цыдæр у бæрæг, Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахстой æнæзакъононæй оккупиргонгонд территорийыл Уæрæсе æнæзакъононæй цы æфсæддон базæ сарызта уым», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Уымæй дарддæр ма Гуырдзыстоны премьер-министр, раарфæ кодта парламентон ассамблейæн «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдæн» фарс рахæцынæн.
«Алчи иумæ хъуамæ слæууæм адæймаджы барты уæззау састы ныхмæ, цæмæй макуы уа бафидауæм расттæрхоны сæйрагдзинады барæй игнорирдзиндимæ»,- бафтыдта ма Гуырдзыстоны премьер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федераци зæгъгæ архайы Гуырдзыстоны сабырадон инициативæтæн сæ бын ракъахын.
«Уæрæсейы Федераци архайы, нæ сабырадон инициативæтæн сæ бын ракъахын ахæм хуызы диверситæй æмæ фæмацы кæнын нæ тыхархайдтæ. Этникон дискриминацийы фæрцы, архайынц, бынтон схафын гуырдзиаг идентондзинад, фæлæ сын уый нæ бантыстдзæн. Мах сын уый фадат нæ ратдзыстæм», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.