Мамука Бахтадзе - иунæг провокатормæ дæр ма хъуамæ фæзына фадат, æвзæрстыты бааууон кæнын, закъоны халын никæмæн батайдзæн
Зугдиды, афтæ, куыд алы регионы, цы ран æвзæрстытæ цæуынц уагъд, æвзæрстытæ ацæудзысты бæрзонддæр стандарттæй – уый тыххæй Гуырдзыстоны преьмер-министр Мамука Бахтадзе, ХЪазахстаны журналисттæн ацы темæйыл лæвæрд фарсты дзуаппæн загъта.
Хицауды сæргълæууæгы дзырдæй, алы закъонсастыл узæгъгæ уыдзæн æмбæлон дзуапп.
«Æвзæрстыты бæрзонд стандартты хъахъхъæнгæйæ ауадзын, махæн у иуæй-иу сегасæй ахсджиаг æнтст, кæцыйыл алчи сæрмагондæй ауæрдæм. Уый тыххæй дæр, цæй зæгъын æй хъæуы, иунæг провокатормæ дæр ма хъуамæ фæзына фадат, ацы процесс бааууон кæнын. Закъоны саст, кæд æцæгдæр æрцæудзæн уæд, никæмæн батайдзæн» – райхъусын кодта премьер-министр.