Мамука Бахтадзе- Гуырдзыстоны экономикæйы  инвестицитæ аххæсыдысты историон максимуммæ
Мамука Бахтадзе- Гуырдзыстоны экономикæйы инвестицитæ аххæсыдысты историон максимуммæ

Финансты министры, Мамука Бахтадзейы  информацийæ, фыццаг æртæ кварталы  дæргъы,   гуырдзиаг экономикæйы   сæххæст  инвестицитæ  историон   максимуммæ –  1.3  миллиард  АИШ-ы доллармæ  баххæссыд.

Уый фæдыл  министр Гуырдзыстоны парламенты  2018 азы  бюджеты проекты  бавдисыны рæстæджы  райхъусын кодта. 

Йæ нызхæстæм гæсгæ,  комкоммæ  фæсарæйнаг инвестицитæ  гуырдзиаг  экономикæйы  рæзынадæн  иттæг ахсджиаг фактор у. 

Мамука Бахтадзе  куыд банысан кодта, афтæмæй  комкоммæ фæсарæйнаг  инвестициты  бæрц   цæугæ азы æртыккаг кварталы   аххæссыд 594.5 милуан АИШ-ы  доллармæ, кæцы ивгъуыд азы   бæлвырд æвдисæгæй  17.6 процентæй  фылдæр у.

 

Фæсарæйнаг инвестицитæм гæсгæйæ,   экономикæйы секторы  лидер у  транспорт  æмæ коммуникацитæ,  кæцыты  инвестицитæ  178  милуан  АИШ-ы доллары,  аххæссыдысты  инвестициты 30 процентмæ. Бæрзонд æвдисæг сфиксир ис  афтæдæр  арæзтады, энергетикæйы, финансон  секторы æмæ  амалиуæгады.