Гуырдзыстоны интеграци НАТО-мæ никæй ныхмæ уагъд мадзал у – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе Брюсселы, НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ иумæ уагъд брифингыл фарсты дзуаппæн банысан кодта, кæцы æххæссыд Уæрæсейы президент Владимир Путины фидиуæнмæ.
Бахтадзейы ныхæстæм гæсгæ, амæйразмæ Брюсселы уагъд саммитыл уæнг бæстæты минæвæрттæ банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстонмæ ис алы инструмент, кæронбæттæн нысанмæ баххæсса æмæ суа альянсы уæнг.
«Гуырдзыстоны интеграци НАТО-мæ никæй ныхмæ у. Гуырдзыстон у бархи паддзахад æмæ уынаффæтæ дæр бахийæ исæм, генералон нымæрдар куыд банысан кодта афтæмæй. НАТО-йы кæронбæттæн уынаффæ Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны фæдыл ист æрцæудзæн консессусы хардзыл. Амæйразмæ Брюсселы уагъд саммитыл уæнг бæстæты минæвæрттæ банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстонмæ ис алы инструмент, кæронбæттæн нысанмæ баххæсса æмæ суа альянсы уæнг», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыд реформæтæ ауадзыны æрдгæй.
«Æмбарæм цæмæй ацы фæндагыл сидтытæ æмæ хъуыддæгтæ бирæ ис, фæлæ раздæр куыд афтæ ерын дæр тырнæм уыцы æрдæм ома ацы реформæтæ сæххæст кæнæм. Уырнæг дæн реформæты ног уылæны кæронмæ бакæндзыстæм» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.