Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны интеграци  НАТО-мæ  никæй ныхмæ  у
Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны интеграци НАТО-мæ никæй ныхмæ у

Гуырдзыстоны интеграци  НАТО-мæ   никæй ныхмæ  уагъд мадзал у – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе  Брюсселы, НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенбергимæ   иумæ  уагъд  брифингыл  фарсты дзуаппæн  банысан кодта,  кæцы æххæссыд Уæрæсейы  президент Владимир Путины   фидиуæнмæ.

Бахтадзейы  ныхæстæм гæсгæ,   амæйразмæ  Брюсселы  уагъд  саммитыл  уæнг бæстæты минæвæрттæ банысан кодтой, цæмæй  Гуырдзыстонмæ ис  алы  инструмент,  кæронбæттæн нысанмæ  баххæсса æмæ   суа  альянсы  уæнг.

«Гуырдзыстоны интеграци  НАТО-мæ  никæй ныхмæ  у.  Гуырдзыстон у  бархи паддзахад  æмæ   уынаффæтæ дæр  бахийæ   исæм,   генералон нымæрдар куыд банысан кодта афтæмæй.  НАТО-йы  кæронбæттæн  уынаффæ Гуырдзыстоны  уæнгсуæвыны фæдыл  ист æрцæудзæн консессусы  хардзыл.  Амæйразмæ  Брюсселы  уагъд  саммитыл  уæнг бæстæты минæвæрттæ банысан кодтой, цæмæй  Гуырдзыстонмæ ис  алы  инструмент,  кæронбæттæн нысанмæ  баххæсса æмæ   суа  альянсы  уæнг», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон  нысаниуæгджын  прогрессмæ æрцыд  реформæтæ ауадзыны æрдгæй.

«Æмбарæм цæмæй  ацы  фæндагыл  сидтытæ æмæ   хъуыддæгтæ бирæ ис, фæлæ  раздæр куыд  афтæ ерын дæр тырнæм  уыцы æрдæм ома  ацы реформæтæ  сæххæст кæнæм.  Уырнæг дæн  реформæты ног уылæны  кæронмæ  бакæндзыстæм» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.