Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагæн Дидгорийы тох дарддæр кæны
Дидгорийы быдыр у гуырдзиæгты иудзинады, сæруæлдайдзинады æмæ патриотизмы дæнц – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, райхъусын кодта Дидгорийы.
Премьер-министр цæрджытæн Дидгоробайы бæрæгбон раарфæ кодта.
«Алкæмæн уын арфæ кæнын националон бæрæгбон. Мах цы ран стæм ацы бынат у гуырдзиæгты æфсæддон сæруæлдайдзинады, нæ иудзинады æмæ нæ сæрибардзинады символ. Æнусты размæ ам гуырдзиæгты æфсад басаста тынг хъомысджын æмæ бирæнымæцон æзнагы, кæцы историмæ хаст æрцыд, куыд «Диссаджы уæлахиз». Дидгорийы быдыр у гуырдзиæгты иудзинады, сæруæлдайдзинады æмæ патриотизмы дæнц. Æз куыд хуымæтæг гуырдзиаг æмæ сымахæй алчи кæддæриддæр рахатæм сæрмагонд бастдзинад ацы бдыримæ. Иуы æрдгæй Дидгорийы уæлахиздзинад у, патриотизмы егъауравдыст æмæ иннæ æрдгæй, уыд раст æмæ эффективон стратегийы реализаци, кæцы æнусты фæстæ дæр цæвиттойнаг у. Гуырдзыстоны Патриарх цасдæр рæстæг размæ загъта, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагæн Дидгорийы хæст дарддæр кæны, ай зæгъгæ у æнæфæуромгæ тох æмæ нæ бæстæйæн лæккад. Ацы тох дарддæр кæны, уырнæг дæн раст стратегийæ, æмуддзинады стыр уарзондзинадæй, æнæфæуромгæ куыстæй æмæ æмуддзинады фæрцы махæн æнæмæнгæй уыдзæн иууон æмæ æнтыстджын паддзахад, ахæм европаг æгъдауы падздахад, кæцыйы тыххæй тох кодтой нæ фыдæлтæ æмæ Давит АГъмашенебели. Æппæт Гуырдзыстонæн мæ фæнды раарфæ кæнын ацы националон бæрæгбон, ракувон уын сабырдзинад æмæ нæ фыдыбæстæйы фидардзинад» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.