Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстон нымадмæ ист æрцыд сегасæй æнтыстджын бæстæйæ Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл
Æнæфтауæнæй зæгъæн ис, цæмæй абон у – историон бон. Гуырдзыстон нымадмæ ист æрцыд сегасæй æнтыстджын бæстæйæ Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл, уымæ гæсгæ дæр, нæ европæйаг партнертæ растдæр Гуырдзыстонæн банхъардтой ацы уникалон платформæ – ахæм аргъ скодта Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе уæлдæр æмвæзады фембæлдтæн Брюссельмæ визиты фæлгæтты.
Премьер-министр банысан кодта, цæмæй уæлдæр æмвæзады форматы фыццаг фембæлдыл, кæцыйы президент Юнкеримæ иумæ хайад истой практиконæй алы еровкомиссарæй, ноджы иу хатт анализ скодтой алцæмæн, цæй саразын хъæуы алы æрдæм дæр, цæмæй Гуырдзыстон Европæмæ ноджы фылдæр баввахс уа.
«Мах райстам тынг нысаниуæгджын фæстиуджытæ. Райсдзытæм тынг ахсджиаг æххуыс, цæмæй Гуырдзыстонæй экспорт Евроцæдисы базармæ райрæзын кæнæм. Уый æххæссы лыстæг æмæ астæуккаг амауæгдæрттæм. Ацы æрдгæй тынг ахсджиаг къахдзæф сырæзт, сæрмагондæй та уый зæрдыл даргæйæ, цæмæй мах абсолютон приоритетыл нымайæм Гуырдзыстоны мæгуырдзинадыл фæтыхуын æмæ Евроцæдис ацы нысаниуæгджын проблемæйы аскуыддзагы хъуыддаджы нын æххуыс кæндзæн. Дыкаг фарста æххæссы ахуырады системæмæ æмæ нæ студенттæм. Уынаффæ хаст æрцыд, æмæ нæм уыдзæн цалдæр платформæ, кæцытæ фенцондæр кæндзысты гуырдзиаг студенттæн Евроцæдисы ахуыр кæнын. Евроцæдис нæ фарсмæ уыдзæн сегасæй ахсджиаг дæр реформæйы – ахуырады реформæйы сæххæсты. Уыдзæн нæм æххуыс цъæх экономикæйы инициативæйы дæр» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.