Мамука Бахтадзе – Гуырдзиаг дзыллæ дзуаппытæ хъуамæ райса алы фарстыл, ахæм у нæ ахаст
Кадртæ кæцыты алчидæр федтам, сегасæй хуыздæр дæнц сты 20 июны æхсæв айтынггонд фæзындтимæ баст бæрнæн аргъ скæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр, Мамука Бахтадзе «Моамбемæ» комкоммæ бафтыды рæстæджы загъта.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй, уый зæгъгæ уыд нысангонд провокаци, уымæн æмæ æмбæстæгты зæрдæргом протестæй «Националон Змæлды» минæвæрттæ конституцийы æмæ демокративон инстуттæм бырсты тыххæй спайда кодтой, кæцы нæрайсгæ у.
«Ай уыд комкоммæ бырст конституцимæ, стабилондзинадмæ, уымæн æмæ ацы политикон тых æмæ йæ лидер фæстаг азты дæргъы, ориентацигонд сты æрбахæссой æнæстабилондзинады æнкъарæн, дзыллæйы комкоммæ поляризаций æмæ фæстаг бонты фæзындтæ уый æппæт ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой. Сеппæтæй уæззау уый у, цæмæй ацы фæзындты фæстиуæгæн, не мбæстæгтæ æмæ полициæгтæ райстой зиæнттæ. Сæ æнæниздзинад æмæ цардæй нысаниуæгджындæр та бынтон ницы ис» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьеры æмбарынгæнæнæй, æрцæугæмæ лæвæрд æрцæудзæн куыд политикон.Ю афтæ барадон аргълæвæрд, уый нымæцы гæнæн уæлдайджын тыхы æрдæм; фæдæвзарæны максималон рухсдзыддзинады срæвдз кæныны нысанæй та, процессмæ баиу кæныны фадат ис омбудсменæн æмæ æхсæнадæмон дзыллæйæн.
«Гуырдзиаг дзыллæ хъуамæ райса дзуапп алы фарстыл. Уый у нæ ахаст. Уый цыдæриддæр мах 20 июны федтам, уыд бынтон нæрайсгæ æмæ расайдта дзыллæйы рæстаг протест æмæ мах дæр иу кæнæм ацы аргълæвæрдмæ; изæры федтам æмбæстæгты рæстаг æмæ зæрдæргом протест парламенты раз; хъыгагæн «Националон Змæлд», йæ лидер ахуыр куыд у афтæ, зæрдæхæлар эмоцитæй провокацитæн спайда кодта æмæ уый дæр алчи дзæбæх федта; цæй зæгъын æй хъÆуы æмбæлон аргълæвæрд хъуамæ сырæза провокацион архæйдтытæн æмæ фарстытæн, иуæй-иу барадхъахъъхæнæгы æрдгæй, уæлдайджын тыхæй спайдайыл. Уый у уыцы аргълæвæрдты фæлгæт, кæцытæ мæм ис ацы фарстайыл» – банысан кодта премьер.