Мамука Бахтадзе – Гуырдзиаг дзыллæ  дзуаппытæ хъуамæ райса  алы фарстыл, ахæм у нæ ахаст
Мамука Бахтадзе – Гуырдзиаг дзыллæ дзуаппытæ хъуамæ райса алы фарстыл, ахæм у нæ ахаст

Кадртæ кæцыты алчидæр федтам, сегасæй  хуыздæр дæнц  сты  20  июны æхсæв  айтынггонд  фæзындтимæ баст  бæрнæн  аргъ скæнынæн – уый фæдыл  Гуырдзыстоны раздæры  премьер-министр, Мамука Бахтадзе  «Моамбемæ» комкоммæ бафтыды  рæстæджы  загъта.

Хицауады  сæргълæууæгы аргълæвæрдæй,   уый  зæгъгæ уыд   нысангонд провокаци,  уымæн æмæ  æмбæстæгты   зæрдæргом  протестæй  «Националон Змæлды» минæвæрттæ  конституцийы æмæ  демокративон  инстуттæм  бырсты тыххæй  спайда  кодтой, кæцы нæрайсгæ у.

«Ай  уыд  комкоммæ бырст  конституцимæ,  стабилондзинадмæ, уымæн æмæ   ацы  политикон тых  æмæ йæ  лидер фæстаг азты дæргъы, ориентацигонд сты  æрбахæссой  æнæстабилондзинады  æнкъарæн,  дзыллæйы комкоммæ  поляризаций æмæ фæстаг бонты   фæзындтæ  уый æппæт   ноджы иу хатт   сбæлвырд кодтой.   Сеппæтæй  уæззау уый  у, цæмæй   ацы  фæзындты фæстиуæгæн, не  мбæстæгтæ æмæ полициæгтæ  райстой  зиæнттæ. Сæ æнæниздзинад  æмæ цардæй нысаниуæгджындæр та  бынтон ницы  ис» – райхъусын кодта   Мамука Бахтадзе.

Премьеры  æмбарынгæнæнæй,   æрцæугæмæ лæвæрд æрцæудзæн  куыд политикон.Ю афтæ   барадон аргълæвæрд, уый  нымæцы  гæнæн уæлдайджын тыхы æрдæм;  фæдæвзарæны  максималон   рухсдзыддзинады  срæвдз кæныны нысанæй та, процессмæ  баиу  кæныны фадат  ис омбудсменæн æмæ æхсæнадæмон дзыллæйæн.

«Гуырдзиаг дзыллæ  хъуамæ райса дзуапп алы  фарстыл.  Уый у  нæ ахаст. Уый  цыдæриддæр мах   20 июны  федтам, уыд бынтон нæрайсгæ  æмæ  расайдта  дзыллæйы рæстаг  протест  æмæ  мах дæр иу кæнæм  ацы  аргълæвæрдмæ;  изæры  федтам æмбæстæгты  рæстаг æмæ  зæрдæргом  протест парламенты раз;  хъыгагæн  «Националон Змæлд», йæ лидер ахуыр куыд у афтæ,  зæрдæхæлар эмоцитæй  провокацитæн  спайда кодта æмæ  уый дæр алчи дзæбæх  федта; цæй зæгъын æй хъÆуы  æмбæлон аргълæвæрд хъуамæ  сырæза  провокацион архæйдтытæн æмæ фарстытæн, иуæй-иу  барадхъахъъхæнæгы æрдгæй, уæлдайджын тыхæй  спайдайыл.  Уый у уыцы аргълæвæрдты фæлгæт, кæцытæ мæм ис ацы  фарстайыл» –   банысан кодта   премьер.