Мамука Бахтадзе – «Фитчы» рейтингы Гуырдзыстоны размæцыд, комкоммæ бандавдзæн бæстæйы сæйраг сидты, мæгуырдзинадыл фæтых уынмæ
Рейтингон компани «Фитчы» рейтингты размæцыд, ноджы фæтыхджындæр кодта Гуырдзыстоны æрдæм æхсæнадæмон институтты æмæ æмтгæй райсгæйæ, инвесторты æууæнк», – уый фæдыл премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта брифингыл.
Уый дзыллæйæн «Фитчы» рейтингты Гуырдзыстоны позицийы фæхуыздæр раарфæ кодта æмæ райхæлдта, цæмæй зæгъгæ куыд бандавдзæн бæстæйы экономикæмæ фæнысангонд размæцыд.
«Алкæмæн уын арфæ кæнын – æхсæнадæмон ретйингон агентад «Фитч» Гуырдзыстоны рейтингон позицитæ фæхуыздæр кодта. Уый у æгæрон æнтыст æмæ уымæй фылдæр, абоны бæрæггæнæнтæй мах стæм иунæг бæстæ уæрæх регионы, кæцы «Фитчы» рейтингты фæразæй ис. Уымæй бæрæг у цæмæй нæ экономикæ у фылдæр конкурентхъом, бахъом уыдзыстæм фылдæр инвестициты æрбаласын, фылдæр куыст бынат сæвзæрын кæнын. Уымæй бæрæг у, цæмæй экономикæйы нырид къаддæр рискъытæ ис, кæцы бандавдзæн уымæ æмæ кредиттыл процентон хай ноджы фæасламдæр уыдзæн», – райхъусын кодта премьер.
Йæ аргълæвæрдæй, бæстæйы позициты фæхуыздæр, рейтингы иунысаниуæгон æнцойад у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад раст экономикон политикъæ уадзы.
Рейтингон компани «Фитч» (Fitch) Гуырдзыстоны суверенон кредитон рейтинг «ББ минусæй» «ББ»-йы онг фæфылдæр кодта.