Мамука Бахтадзе - Европæмимæ интеграцийы фæндагыл Итали Гуырдзыстоны æнæфæсайгæ партнер у
Мамука Бахтадзе - Европæмимæ интеграцийы  фæндагыл Итали Гуырдзыстоны æнæфæсайгæ партнер у

Иттæг нысаниуæгджын у, Италийы  æрдгæй,   Гуырдзыстонмæ  ахæм бæрзонд  æмвæзады  визит  кæй  сырæзт –  уый  фæдыл премьер-министр  Мамука бахтадзе,  Гуырдзыстон-Италийы  бизнес-форумыл  загъта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   ивгъуыд азы  Гуырдзыстон æмæ Италийы Республикæйы æхсæн дипломативон ахастыты   æрфидары 25 азы  сæр банысан ис. Фæнысангонд ахастытæ  та  бындурæвæрд сты   иузæрдыг  хæларадыл  æмæ   фидар партнерадыл.

«Махæн иттæг нысаниуæгджын   цæмæй  Гуырдзыстоны æмæ Италийы   ахастыты  историйы фыццаг хатт  Италийы æрдгæй  ахæм бæрзонд æмвæзады  физит  сырæзт Гуырдызстоны. Фæнды  мæ  кадджын президентæн  раарфæ кæнын ацы  историон    визиты  тыххæй.   Ацы  факт   ноджы иу  хатт бæлвырд кæны  не рдæм  ирд  фарс хæцынад.  Фæнды мæ банысан кæнын,   цæмæй нæ дыууæ бæстæйы  æхсæн политикон    ахастытæ  фылдæр интенсивон кæнынц» –  райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.ю

Йæ  аргълæвæрдæй,    Гуырдзыстонæн  Европæмæ  интеграцийы  фæндагыл  Итали æмæ  æнæфæсайгæ партнер.

Гуырдзыстон-Италийы  бизнес-форум  фысымуат  «Редисон Блу Ивериайы»  цæуы.   Форумы   хайадисджытæм  дзырдæй  баздæхтысты  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Мамука Бахтадзе æмæ Тбилисмæ  визитæй  уæвæг Италийы   президент Серджио   Матарела.  Форумы  афтæдæр исынц  хайад экономикон профилы   министрадты   бæрзонд рангы гæстæ.