Мамука Бахтадзе - Бузныг æууæнкы тыххæй ай у стыр цыт, æмæ уыцы рæстæджы стыр бæрн дæр у
Мамука Бахтадзе -  Бузныг æууæнкы  тыххæй  ай у стыр цыт, æмæ уыцы рæстæджы стыр бæрн дæр у

Стыр бузныг мæ фæнды  зæгъын  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  политикон  балæн  æмæ йæ къухдариуæггæнæгæн  аййас æууæнкы  тыххæй.  Æцæгдæр  стыр  цыт у  æмæ   стыр бæрн  у –  уый фæдыл  Мамука Бахтадзе райхъусын кодта, кæцыйы  парламентон   фылдæртæ  премьер-министртæм кандидатæй  раразмæ кодтой.

Мамука Бахтадзе куыд банысан кодта  афтæмæй,   уый  парламенты ралæудзæн  йæ  сæрмагонд  программæимæ,   кæцы бындурæвæрд уыдзæн цалдæр  принципыл.

«Парламенты  ралæудзыæнæн мæ  сæрмагонд программæимæ,   кæцы  бындурæвæрд уыдзæн  ацы  сæйраг принциптыл:

Фыццаг – ай  у  гуырдзиаг адæмы историон  барæвзары  кæронмæ  бахæццæ кæнын  æмæ  Гуырдзыстоны   евро-атлантикон  тыгъдадмæ  æххæстаргъджын  интеграци.

Дыккаг –  Мах ауадздзыстæм инновацион æмæ  фундаментон  реформæтæ  алы  хъæугæ  ардæмадæй.  Ацы реформæты фæстиуæгæн  æрфидар кæндзыстæм  ног, экономикон  модел, ног  рæстаг  хъазты  фæткъойтимæ, кæцы бандавдзæн  алы  гуырдзыстойнаг бинонтæм,  нæ алы æмбæстагмæ.  Мах  бахъом уыдзыстæм  æмæ фæкаддæр кæндзыстæм фæстæзад  демократийы  бæрзонд  стандартты æмæ  экономикон уавæры  æхсæн. Цæй  зæгыън æй хъæуы адарддæр кæндзыстæм  демокративон институтты тынг кæнын.

Æртыккаг –  ис чысыл  хицаудзинады концепци,  Гуырдзыстонæн хъæуы  чысыл,  фæлæ  уыцы  рæстæджы  тынг тасгæ  æмæ  эффективон   хицауадон уагдæттæ  саразын.  Уыйимæ иумæ,   нысанæмрастыл нымайын   адарддæр уа  институцион  æмæ  дзыллæйон катнроль ацы  уагдæттыл, ацы  рæстæджы   антикоррупцион  хаххы æрдæм.

Цыппæрæм –  кæцы мæ  фæнды  комкоммæ  уын  зæгъон,   у  мæ царды  сæйраг приоритет –  ахуырад  инноваци æмæ фæисвæд.  Растдæр  мотивиргонд   ахуыргонд   амалиуæгадон  энтузиазмæй  удцырын æмæ  сæрмагонд тыхтæй  ныфсджын  фæсивæд  нын æрхæсдзæн  уыцы фæстиуджытæ,  кæцы  хуыйны,  Гуырдзыстон  баиу кæнын  размæцыд экономикон  бæстæты  рæнхъытæм.

Растдæр ахæм  Гуырдзыстон у  иунæг  æмæ альтернативæ кæмæн нæй ахæм æнхъарæн  нæ  абхазаг æмæ  ирон æфсымæртæн,  цæмæй  æрыздæхæм  иууон  бинонтæй» –  райхъусын  кодта Мамука Бахтадзе.

Парламентон  фылдæртæ, премьер-министртæм  кандидатæй  раразмæ кодта финансты министры  хæстæ  æххæстгæнæгы  Мамука Бахтадзейы.