Мамука Бахтадзе – бæстæйы бирæ цыдæр ивинаг у цыбырдæр æмгъуыдтæм,дзыллæйы ацы æрвитæггаг райстам æмæ бамбæрстам
Бæстæйы бирæ цыдæр ивинаг у цыбырдæр æмгъуыдты, дзыллæйы ацы æрвитæггаг райстам æмæ йæ бамбæрстам – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта брифингыл, кæцыйы рæстæджы уый аргъ скодта президентон æвзæрстытæн.
Премьеры дзырдæй хицауад зæгъгæ йæ рæдыдтыты æмæ дзыллæйы æнхъæлцыты фæдыл дырыс æрвитæггаг райста.
«Мах гуырдзиаг дзыллæйæ райстам дырыс æрвитæггаг нæ рæдыдтытыл æмæ уый фæдыл цæмæй цы конкретон æнхъæлцытæ ис нæ дзыллæйы уыцы конкретон сидтытæм гæсгæ, кæцы сæ хъыг дары, хъыг дары сæ бинонты. Ацы æвзæрстытæ нын бирæ цыдæр равдыстой, цæмæй ацы рæстæджы бæстæйы бирæ цыдæр у ивинаг цыбырдæр æмгъуыдты. Дзыллæйы ацы æрвитæггаг райстам æмæ йæ бамбæрстам» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьер президентон æвзæрстыты дыккаг туры тыххæй фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй максималонæй срæвдз кæндзæн æмуддзинад, сæ нымæцы уыцы фарсхæцджыты кæцытæ знон æвзæрстыты хайад нæ истой.
«Уымæ æмбæлгæйæ дæр, дыккаг туры срæвдз кæндзыстæм æмуддзинад, уый ынмæцы уыдоны æхсæн дæр кæцытæ æндæр æмæ æндæр æфсонæй, æвзæрстыты хайад нæ райстой. Дыккаг туры алчи иумæ банысан кæндзыстæм уыцы хæзнаты æимæ аргъдзинæдты уæлахиздзинад, кæцыйы тыххæй мах алчи иумæ тох кодтам» – загъта Мамука Бахтадзе.
Афтæма премьеры дзырдæй, Гуырдзыстоны сомбоны хицау у æрмæстдæр гуырдзиаг наци зæгъгæ.
«Ацы æвзæрст æнæмнгæй уыдзæн нæ бæстæйы баиу уыны райдиан, афтæдæр арæзтады, дзыллæйы консолидацийы, æнæфæцудгæ демокративон райтынгы, ахæмы, цахæмы аккаг дæр сты нæ традицитæ, историй æмæ фидæн» – банысан кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.