Мамука Бахтадзе - Бæрзонддæр Тæрхондоны сæрдæрттæм кандидат хъуамæ уа аполитикон, уа йын тынг бæрзонд репутаци куыд профессион зылдты, афтæ дзыллæйы æхсæн дæр
Бæрзонддæр Тæрхондоны сæрдæрттæм кандидат хъуамæ уа аполитикон , уа йæм тынг бæрзонд репутаци куыд профессион зылдты, афтæ дзыллæйы æхсæн дæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе,Батумы журналистты фарсты дзуаппæн расидтис.
Хицауады сæргълæууæг уырнæг у, цæмæй цæрджыты фывлдæр ацы позициимæ разы сты.
«Мæ позици у ахæм, вæццæгæн Гуырдзыстоны кæцыфæды æмбæстагмæ куыд у афтæ, æмæй уыцы кандидат, æвзæрст чи æрцæудзæн, хъуамæ уа аполитикон æмæ пайда кæна тынг бæрзонд репутацийæ, куыд профессион зылдты, афтæ дзыллæйы æхсæн дæр. Ахæм у мæ ахаст æмæ уырнæг дæн, цæрджыты абсолютон фылдæр ацы позиимæ разы сты» – банысан кодта премьер-министр.