Мамука Бахтадзе - Августы хæстæй 10 азы сæрыл, фæстæмæ дарддæр кæны Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупаци æмæ æнæзакъонон архæйдтытæ сæ фактон анексийы æрдæм
Августы хæстæй 10 азы сæрыл, фæстæмæ дарддæр кæны Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупаци æмæ æнæзакъонон архæйдтытæ сæ фактон анексийы æрдæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе тымбыл фынгы форматы фембæлды – «Сабырад æмæ Æдасдзинадæн – 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй 10 азы фæстæ».
Афтæдæр йæ ныхæстæм, раст 10 азы размæ гуырдзиаг адæм ноджы иу хатт бавзæрстой Уæрæсейы æргом æфсæддон агрессий.
Мамука Бахтадзе куыд банысан кодта, афтæмæй, 2008 азы 7 августы Уæрæсейы у рæз æфсæддон интервенци æмæ фæстæдæр Гуырдзыстоны зæгъæн ис алы регионыл уæлдæфон бырст райста æххæстмасштабон æфсæддон архæйдтыты равг.
«Ай уыдис хæст, кæцыйы фæстиуæгæн оккупаци скодтой Гуырдзыстоны дыууæ регионы, этникон ссыгъдæджы ноджы иу уылæн æмæ дæсгай мин ног лигъдон. Агрессийы фæстиуæгæн скуынæг ис дæсгай гуырдзиаг хъæу. Уæрæсейы Федераци оккупаци скодта Гуырдзыстоны дæлкантрол 5 комы æмæ 100-йæ фылдæр хъæуы. Августы хæст ахаста дæсгай адæймаджы цард, уый нымæцы, са бар цæрджыты.
Августы хæсты 10 азы сæрыл, нырмадæр дарддæр кæны Абхазы æмæ Цхинвалы регионты оккупаци æмæ æнæзакъонон архæйдтытæ сæ фактон анексийы æрдæм. Æнæкæсгæ Гуырдзыстоны æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы алы сабырадон тыхархайдтæм, хæсты фæстæ период – ай у телтæй æмбондты, сабыр цæрджыты тасы уадзыны, изоляцийы, хъомысдарыны, этникон дискриминацийы æмæ æнæзакъонон ахстыты 10 аз. Æппæт ацы периоды дæргъы, конфликтæй зианбавзарæг бынæттон цæрджытæ, дарддæр кæнынц сæ цард иттæг уæззау уавæрты æмæ арæх та сæ царды рискъы бын», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, оккупаци æмæ æнæзакъонондзинад уыцы рæтты, хъыгагæн ахасьто сабыр цæрджыты цард.
«Оккупацион режимты æрдгæй, сабыр цæрджыты – Арчил Татунашвили, Гига Отхозориа æмæ Давит Башарулийы цардмæ хъавдæй ноджы иу хатт бæрæг у, цæмæй мах æгæр дард стæм конфликты аскуыддзагæй.
Уымæй уæлдай ма, сæдæгай мин тыхыбын бынативгæ уæнгтæ, 25 азæй фылдæр рæстæг у, нæй сæм фадат сæ хæдзæрттæм æрыздæхын. Лыгъды рахъомыл сты фæлтæртæ, кæцытæ нæ сафынц ныфс сæ хæдзармæ æрыздæхын æмæ сабыр æмцард кæнын абхазæгтимæ æмæ ирæттимæ.
Ивгъуыд азты уæз æмæ сидтытæ нын бамбарын кодтой, цæмæй нырыккон уавæр нæу уыцы идеалон ситуаци, кæцымæ дæр тырнæм, абхазæгтæ, ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ. Растдæр уый тыххæй дæр нæ алкæцы – абхазæгтæ, ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ иумæ хъуамæ рацагурæм уый хъомыс æмæ фæндон, цæмæй æнæбарвæндæй нæ цы провокацимæ бафтыдтой, уырдгæй рацæуæн ссарæм, æрфидар кæнæм сабырад, кæцы æнцойæвæрд уыдзæн нæ иумæйаг инетерстыл», – загъта Мамука Бахтадзе.
Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, 10 азы дæргъы æрвылбонон провокациты фоныл, Гуырдзыстон бахъом ис æмæ сбæлвырд кодта, цæмæй у европæйаг, демокративон паддзахад æмæ бирæ æнтыстытæм баххæссын хъом у æнæкæсгæ бæстæйы 20% оккупацимæ.