Мамука Бахтадзе - августы хæстæй 10 азы фæстæ, Уæрæсе дарддæр кæны Гуырдзыстоны территориты оккупаци æмсæ фактон анекси
2008 азы августы хæстæй 10 азы фæстæ, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци æмæ фактон анекси дарддæр кæны – фæнысангонд фидиуæны Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе Брюсселы сарызта, цы ран абон Европаг Советы президент Дональд Тускъимæ фембæлд.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæй фыддæрдæр кæныв æдасдзинады æмæ адæймаджы барты хъахъхъæды уавæр уыдонæн, кæцытыл ацы конфликт фæзындис.
Премьер Европаг советы президентимæ иумæ арызт фидиуæнты рæстæджы, Гуырдызстоны сабырады æмæ стабилондзинадæн æххуысы цæстæнгасæй Евроцæдисы ролыл фæныхас кодта æмæ Евроцæдисы мониторингы миссийы мандаты адарддæр кæныны тыххæй бузныг расидтис.
«Сæрмагондæй хъуамæ банысан кæнон, Евроцæдисы сæрмагонд рол Гуырдзыстоны сабырад æмæ стабилондзинадæн æххуысы цæстæнгасæй, мониторингы миссийы руаджы, Евроцæдисы специалон минæвары æхсæныбацыдæй Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы афтæдæ активон нæбанымады æмæ бастдзинады политикæйы сæххæстæй», – расидтис Мамука Бахтадзе.
Йæ аргълæвæрдæй, ацы уавæры, Евроцæдисы æмæ Гуырдызстоны æхсæнадæмон партнерты хъæддыг позици Уæрæсейы æнæзаконон политикъæмæ гæсгæ æмæ сæ эффективон бастдзинад, æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты Гуырдызстоны территорион æнæхъæндзинад срæвдз кæнынмæ нысаниуæгджынæй æндавы.
Премьеры дзырдæй Гуырдзыстон, сабырадон политикъæйы æмзæрдæ у æмæ æмбæлон мадзæлтты æххæст кæны.