Мамука Бахтадзе – «Аккаг Партнеры» хайадисджытæн фысым кæны бæстæ, кæцыйы территориты хай оккупацигонд у, фæлæ нæ дзуапп у - Сабырдзинад æмæ Стабилон бæстæ арæзтад
Гуырдзиæгтæ æцæгæйдæр сæрыстæр хъуамæ уæм уымæй, æмæ нæ æфсæддæтты иузæрдыг куысты, хинывонды æмæ æхсæнадæмон æдасдзинады фæфидары хъуыддагмæ хайбавæрды тыххæй, абон нæ бæстæйы аккаг партнерыл нымайынц æмæ ацы æхсæнадæмон ахуыр дæр, раст ацы статус хæссы – ацы ныхæстæй æрсидтис Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе ахуыр «Аккаг Партнер 2018»-ы хайадисджытæм, кæцы Гуырдзыстоны нырид цыппæрæм хатт цæуы уагъд.
Ахуырты кæцы Вазианы абон байгом ис, хайад исынц НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæтæй 3004 æфсæддон гæс.
Премьеры фидиуæнæй, ахуыр «Аккаг Партнер» æнæхъæн регионы æдасдзинад, стабилондзинад æмæ сабырады фæфидар кæнынæн у.
«Æнæиухатт загъдæуыд æмæ абон дæр ацы трибунæйæ мæ фæнды ноджы иу хатт зæгъын – ацы æхсæнадæмон ахуыр, иунæг бæстæйы ныхмæ дæр нæу, уый у æрмæстдæр регионон æдасдзинады, сабырады æмæ стабилондзинад фæфидардæр кæнынæн, кæцы уырнæг дæн, алкæй интерестæм дæр æмбæлы. Фæнды мæ банысан кæнын, ома ахуырты хайадисæг бæстæты нымæц æцæгæйдæр егъау у, нырид 13 хайадисæг ис æмæ сæ нымæцы сты Гуырдзыстон, АИШ, Стыр Британи, Германи, Эстони, Франц, Лиетувæ, Азербайджан, Сомихыстон, Польшæ, Норвеги, Турк æмæ Украинæ. Ахуыр пайдаджын у алы хайадисæг бæстæйы гарзджын тыхтæн, хæдиргъæфхъомад фæтыхджындæр кæныны æмæ хæцынмæ цæттæдзинады сбæрзонддæр кæнынæн. Афтæдæр нысаниуæгджын у уый æмæ , бындурæвæрд цæуы кæрæдзийыл æууæнк æндæр æмæ æндæр бæстæты æфсæддæтты æхсæн æмæ фидар кæны æмрбарджын, кæрæдзийы фæтыхджындæр кæныныл ориентацигонд æфсæддон-политикон æмкуысткæнынадыл. Цыдæриддæр та Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæм æххæссы, ацы ахуыртæ уыдзæн фылдæр профессионализмы, фылдæр хъæддыхдзинады, хæцæн цæттæдзинады æмæ стратегион æмæ æхсæнадæмон партнертимæ фылдæр æмбынатиндзинад æрхæссæг, нæ бæстæйæн та фылдæр сабырдзинад, æдасдзинад фылдæр стабилондзинад æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы бастдзинад æрхæсдзæн,»- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Хицауады сæргълæууæгы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон бæрзонд аргъ кæны алы партнер бæстæйы æххуысæн æмæ дзы райгонд у АИШ-ы æмæ НАТО-йы æндæр уæнг æмæ хæлар бæстæты æрдгæй дырыс æххуысы тыххæй, кæцы банкъаринаг у фæстаг азты мидæг æмæ Гуырдзыстоны хæдбардзинад сфидар кæныны бонæй.
«Зонут æй, историонæй, Гуырдзыстон никуы уыдис буцахуыр йæ территориыйл хæлар паддзахады æфсæдды уæвынæй æмæ ныр бынтон ног историон реалондзинады цæстæйфенæг стæм. Æдæрсгæйæ мæ бон у зæгъын, цæмæй Гуырдзыстон æмæ регион абон хуыздæр хъахъхъæд сты. Мæ зынаргъ хæлæрттæ, абон уын фысым кæны бæстæ, кæцыйы территориты стыр хай хъыгагæн оккупацигонд у, фæлæ нæ дзуапп ацы оккупацийæн æмæ ацы уæззау сидтæн у – æрмæстдæр Сабырад æмæ Стабилон бæстæ арæзтад, цы ран сæйраг приоритет сты демокративон хæзнатæ. Фæнд мæ, ноджы иу хатт зæгъон бузныг нæ партнертæн алкæмæн, сымахæн алкæмæн уыцы иттæг нысаниуæгджын æххуысы тыххæй, кæцыйыл сымах Гуырдзыстонæн æмæ нæ адæмæн нæ ауæрдут. Æхсæнадæмон ахуыр, «Аккаг Партнер 2018» афтæдæр куыд раззаг ахуыртæ иууылдæр, уырнæг дæн, уыдзæн фæстиугджын æмæ позитивонæй бандавдзæн хайадисæг бæстæты гарзджын тыхтæм, кæцытæ сæхи æрдгæй ацы ахуырты рæстæджы райст зонындзинад æмæ фæлтæрдтæ, уыцы хорзæн спайда кæндзысты, кæцы хуыйны дунейы сабырдзинад фæфидардæр кæнын. Хуыцауы бæрны уæнт Гуырдзыстон æмæ нæ хæлар алы бæстæ, æнтыстытæй уæ куыд фæхайджын кæна – уыцы амонд уын раттæнт,» – загъта премьер-министр ахуырты хайадисæг æфсæддæттæн.