Мамука Бахтадзе - Æвзарæнон барьер аивынæй, фæсивæдмæ поликъæмæ æрбахизыны фылдæр шанс фæзындзæн
Гуырдызстоны премьер-министр Мамука бахтадзе студентты инициативон къорды гом фыстæгæн дæтты дзуапп. Мамука Бахтадзе «Фейсбукы» куыд фыссы афтæмæй, цæттæ у фембæла студенттимæ æмæ семæ æмкуыстдзинадмæ.
«Фæнды мæ дзуапп раттын студентты инициативон къорды публикацигонд гом фыстæгæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы, æвзонг уынаффæгæнджыты совет саразыны тыххæй. Тынг хорз æмæ тынг цингæнæн у фæсивæды ахæм конструктивон позици цæугæ фæзындтæм гæсгæ.
Бæстæйы фидæн уæ къухты ис æмæ æвзарæнон барьеры аивынæй, сымахмæ, фæсивæдмæ лæвæрд цæуы политикъæмæ æрбахызты æмæ бæстæйы хицаугæнæг процессмæ баиу кæныны фылдæр шанс. Афтæдæр мæ фæнды зæгъон уын, цæмæй хицауады дæлбар уыдзæн æвзонгты платформæ, кæцы ссиу кæндзæн фæсивæдæн цымидисон алы нысаниуæгджын ардæмад.
Райгонд уыдзынæн, сымахимæ куы фембæлин æмæ нæм æмкуысткæнынады фадат куы фæуайид уымæй. Махæн уæ позици кæддæриддæр сæрмагондæй нысаниуæгджын у»- фыссы «Фейсбукыл» Мамука Бахтадзе.
Студентты инициативон къорд «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон гуырдзыстоны» сæрдар бидзина Иванишвилимæ гом фыстæгæй басидтис. Фыстæджы мидæг æвзонгтæ 20-21 июны æхсæвы фæзындты кой кæнынц æмæ хицауадимæ конструктивон диалогмæ цæттæдзинад æвдисынц.