Мамука Бахтадзе æввахс фидæны бавдисдзæн "цъæх экономикæйы" рæзынады стратегий
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, æввахс фидæны “цъæх экономикæйы” райтынгы стратегийы презентаци сараздзæн – уый фæдыл премьер, абон Тбилисы транспортон политикæйы презентацийы райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цъæх экономикæ зæгъгæ у хицауады абсолютон приоритет.
Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, стратегий бавдысты рæстæджы, уый фæныхас кæндзæн алцы компонентыл.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, ацы стратегийы, Тбилисæн ис уникалон роль. Мах ахицæн кодтам, цæмæй тынг нысаниуæгджын финансон ресурс рахицæн кæнæм бæстæйы централон бюджетæй, цæмæй Тбилисы æввахсдæр мæйты дæргъы, принципонæй раивæм уыцы экосистемæ, кæцы баст у æнæхъæнæй транспортон системæимæ, кæцы у тынг æнæэффективон»,- райхъусын кодта премьер.
Уый бур автобусты раивыны нысаниуæгы æрдæм раздæхта хъусдард.
«Бур автобус иу уæ рæзты куы ацæуы, уæд уæхи нымæры цы ахъуыды кæнут, уыцы ахаст æз зонын. Æз дæр афтæ хъуыды кæнын. Бауырнæт уæ, ацы проблемæ аскуыддзаг кæнын иу кæнæ дыууæ къуыримæ гæнæн нæ уыд. Фæлæ уыцы графикъ, кæцыйы нын мэрий банхъарыд, æцæгæй дæр тынг амбицион у. Размæцыд бæстæты сæйраг сахартæн дæр, æгæр зын кæны афтæ цыбыр æмгъуыдты раивын сæ транспортон фæрæзтæ. Тбилисы мэрий та сараздзæн централон хицауады æххуысæй», – райхъусын кодта премьер-министр.
Мамука Бахтадзе Тбилисы мэр Каха Каладзейæн æмæ мэрийы кусджытæн ног транспортон политикæйы куысты тыххæй бузныг расидтис æмæ сын æххуыс аныфсвæрдта.