Мамука Бахтадзе æрзонгæ ис Тбилисы ахуырады сахары арæзтады процессимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Тбилисы ахуырады сахары арæзтады процессимæ æрзонгæ ис. Стыр Дигъомийы территорийыл цæугæ куыстыты уый абæрæг кодта ахуырады, зонæдты, културæ æмæ спорты министр Михеил Батъиашвилиимæ иумæ.
Мамука Бахтадзе куыд банысан кодта афтæмæй, Тбилисы ахуырады ног сахары арæзтад фæззæджы фæуыдзæн.
Хицауады сæргълæууæг байхъуыста ахуырады сахары арæзтады процессы фæдыл информацимæ, æмæ банысан кодта, цæмæй ахæм проекттæ Гуырдзыстоны алы ставд сахары сæххæст уыдзысты.
«Зæрдæвæрæны райхъусын кодтам Диди Дигъомийы территорийыл ахуырады сахары арæзтады тыххæй. Ай у 13 гектар территори, кæцыйыл арæзт æрцæудзæн астæуккаг скъола 1 500 сывæллоныл. Афтæдæр ам уыдзæн Комаровы скъола, физикæйы, химийы, биологийы сеппæтæй нырыккон лабораторитæ. Афтæдæр нæм уыдзæн ног профессион ахуыргæнæндон æмæ аивады скъола. Ахæм проекттæ сæххæст кæндзыстæм Батумы æмæ сараздзыстæм Гуырдызстоны алы ставд сахары. Махæн цæрынæн нысаниуæгджын у, алкуырандæр нæм рæувадат уа нырыккон инфраструктурæ, нæ сывæллæтты фидæны кой куы кæнæм уæд», – райхъусын кодта премьер-министр.
Ахурады сахар нырыккон стандартты иумæйаг русхадон скъолаимæ иумæ æхъуыдыйы дары æрдззонадон лабораторитæ, технопаркътæ, кæцыйы «Старт-ап» фæлтæрдтæ ахуыргæнинæгтæ чысыл карæй райсдзысты, библиотекæ, конференцион залтæ, мидæг рекреацион тыгъдад, спортивон залтæ æмæ æддæ стадионтæ.
Ахуырады сахары проекты аргъ 20 милуан ларийы онг у. Арæзтады процессы экологионæй сыгъдæг, биологион арæзтадон æрмæджытæй пайда кæндзысты. Нырыккон стандарттæм æмбæлон ахуырадон уагдæттæ адаптацигонд уыдзысты специалон ахуырæн хъæугæ домæнтæ кæмæн ис, уыцы ахуыргæнинæгтæн.