Мамука Бахтадзе æрдзы хъахъхъæнæг   омбудсменæй  бавдыста Дэвид Морисоны
Мамука Бахтадзе æрдзы хъахъхъæнæг омбудсменæй бавдыста Дэвид Морисоны

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  æрдзы  хъахъхъæды  фарстатæм гæсгæ,  омбудсмены  бавдыста.

Премьеры инициативæйæ,  сырæзт, æрдзы  хъахъхъæды фарстаты  ббарты  æмæ интересты хъахъхъæнынады  ног   институт, кæцыйæн къухдариуæг кæндзæн  Дэвид Морисон.

Омбусдмен   æрцæттæ кæндзæн рекомендацитæ  ахсджиаг фарстатыл,  сæ нымæцы   закъондæттæн барастытæм  гæсгæ дæр,  хайад исдзæн  æхсæнадон  тæрхоны  æмæ консултацитæ уадздзæн интересджын уæнгтæн.

Премьер-министры пресс-куысты  информацийæ, Дэвид Морисон  бирæ азты  дæргъы  архайы   юридикъон æмæ  финансон  фарстаты  Дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты, 2008 азæй  активон хайад исы   Гуырдзыстоны  экологион проектты  реализацийы. 2008-2012  азты  Дэвид Морисон  къухдариуæг кодта  Æрдзы  хъахъхъæды Кавказаг фондæн (CNF).