Мамука Бахтадзе æмæ Ильхам Алиев стратегион нысаниуæгы иумæйаг проектытыл æрныхас кодтой
Гуырдзыстон-Азербайджаны стратегион партнерад, регионалон нысаниуæгы иумæйаг транспортон æмæ инфраструктурон проектытæ æмæ экономикон цæдисты фæарфдæры перспективæтæ æркастысты Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ Азербайджаны президент Ильхам Алиев фембæлдыл, кæцы абон Давосы дунейы экономикон форумы фæлгæтты сырæзт.
Фæрстæ дыууæфарсон ахастыты алы сæйраг ардæмадыл æрныхас кодтой. ХЪусдард здæхт æрцыд базарады ноджы фылдæр райрæзын кæныны перспективæйыл æмæ Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны бизнесты æхсæн бастдзинад фæактивондæр кæныныл.
Бахахх кодтой транспортон инфраструктурæйы райтынгы нысаниуæг æмæ уыцы потенциал, кæцы ис, Централон Азийæ уаргъты æрбаласыны цæстæнгасæй, куыд Гуырдзыстонмæ – афтæ Азербайджанмæ.
Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ Азербьайджаны президент фæныхас кодтой TANAP-ы проектыл тыххæй, афтæдæр бæстæты транзитон потенциалæй ноджы фылдæр активонæй спайда кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл.
Банысан ис Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндагон проекты нысаниуæгджын роль ацы æрдæм. Фембæлдыл Гуырдзыстоны æрдгæй уыд Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.