Мамука Бахтадзе – абонæй Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад хуыздæр хъахъхъæд æмæ кантролгонд уыдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе профессион бæрæгбон раарфæ кодта авиацион службæйы æмæ уæлдæфон хъахъхъæдады куысты сæрмагонд скондæн.
Мамука Бахтадзейы ныхæстæм гæсгæ, хъалдзинады æфсон дæтты уый æмæ гуырдзиаг пилоттæ бирæ хæттыты равдыстой сæхи Гуырдзыстоны хæдбардзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы.
«Афрæ кæнын ацы бон уыдонæн, чидæриддæр хъахъхъæны гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад. Бузныг уын уæ иузæрдыг службæйы тыххæй.
Гуырдзиаг æфсæддон авиацийы фæлтæрддзинад нымайы æрмæст 26 азы фæлæ йæ истори у сæдæазон æмæ йæ райдиан исы 1918 азæй, фыццаг гуырдзиаг авиацион дæлхай куы сæвзæрд йæ уæдæй. Нæ пилоттæ æнæ иу хатт равдыстой сæхи Гуырдзыстоны хæдбардзинад хъахъъхæныны хъуыддаджы.
.Куыд æй зонут афтæмæй уæлдæфон тыгъдад у сегасæй ахсджиагдæр компонент бæстæйы хæдиргъæфхъомады хъуыддаджы, æмæ йæ хъахъхъæнынад у нæ бæстæйы джелбетт. Нæ æмцæдисонтæ æмæ партнер-бæстæтæ нын аргъ скæнын гæнæн цæмæн нæй уый йас æххуыс кæнынц ацы хъуыддаджы. Иурæстæгонæй уæлдæфы ныхмæ системæй фæрæзтæ фæхуыздæр кæнын æмæ НАТО_Гуырдзыстоны архайадон пакеты иуæй-иу инициативæ у – фæхузыдæр кæнæм нæ уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ. Мах сфидар кодтам стратегион ахзастытæ уыдонимæ, кæцытимæ иумæ дæр хуыздæр кæнæм ацы ахсджиаг компонент. Раст ацы къабазы бадзырдтам Францимæ, кæцы нын егъау æххуыс кæны», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, нырæй фæстæмæ Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад зæгъгæ уыдзæн хуыздæр хъахъъхæд æмæ хуыздæр кантролгонд.
«Уæлдæфон хъахъъхæнынады фæрæзтæй уæлдай мах хуыздæр кæнæм гуырдзийаг авиацийы транспортон æмæ логистикон фæрæзтæ, нæ сæйраг стратегион партнер – АИШ-ы руаджы. Афтæдæр æнæуæг кæнæм хæрдмæтæхджыты паркы æмæ сæ модернизацийы уадзæм, кæцы ахъаз уыдзæн ныгуылæйнаг стандарттæм æмбæлон ног дæлхайады сæвзæрдæн», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.