Мамука Бахтадзе  - абон  изæр,  план кæнын  гуырдзиаг медиимæ  фембæлын, цæмæй  дзуаппытæ раттон  актуалон фарстытыл
Мамука Бахтадзе - абон изæр, план кæнын гуырдзиаг медиимæ фембæлын, цæмæй дзуаппытæ раттон актуалон фарстытыл

Фæстаг бонты атйнггонд фæзындты фоныл, ныхас хицауадон программæйы уыдаит æнæмбæлон  æхсæнады интерестимæ – уый фæдыл   Гуырдзыстоны премьер-миинистр  Мамука Бахтадзе  фыссы  социалон хызаг «Фейсбукы».

Премьеры ныхæстæм гæсгæ, уый  зæгъгæ цæттæ у  цыфæнды æндæр афон, уый нымæцы  уæлрадон   рабадтыл,  хицауады афæдзон   хыгъдлæвæрд  бавдиса  закъондæттæг органæн.

« Абон план кодта  парламентæн хицауады  куысты афæдзон хыгъдлæвæрд бавдисын.

Ай у  сæрмагонд  цау,  хицауад æмæ  парламент аргълæвæрд куы дæттынц  хицауадон программæйы  сыххæсты  цыды фæдыл.

Цæй зæгъын æй хъæуы хæсджын стæм ,  Гуырдзыстоны  парламентæн æмæ  дзыллæйæн бавдисæм  хыгъдлæвæрдтæ  æххæст куысты  тыххæй – экономикæйы,  инфроаструктурæйы,  æддæ  политикъæйы,  æнæнизхъахъхъæды, ахуырады æмæ  алы  æндæр къабаз, фæлæ  иурæстæгонæй, мæнмæ гæсгæ, – фæстаг бонты айтынггонд   фæзындты фоныл,  ныхас  хицауадон программæйыл  уыдаит   æхсæнадон  интерестæм æнæмбæлон.

Уый тыххæй  цæттæ дæн,  кæцыфæнды æндæр  рæстæг, уый  нымæцы уæлрадон   рабадтыл,  хицауады афæдзон   хыгъдлæвæрд бавдисон   закъондæттæг органæн»- банысангонд у  премьеры, «фейсбукпосты».

Афтæма Мамука Бахтадзе абон  изæр  медиимæ  фембæлын хъавы.

«Уый тыххæй  цæмæй  æхсæнады  бæрзонд интересджын у  фæстаг бонты  цæугæ  фæзындтæ, абон  изæр,  план кæнын  гуырдзиаг медиимæ  фембæлын, цæмæй  дзуаппытæ раттон  актуалон фарстытыл»- фыссы премьер.