Мамука Бахтадзе - Абон гуырдзиаг падзахад у раст уыцы хæзнаты бындар æмæ дарддæр хæссæг, кæцытæн бындур æвæрд æрцыд æнусы размæ
«И сиу чысыл дзæнæт, кæцы хуыйны Гуырдзыстон, æмæ ацы чысыл дзæнæты цæры иу гыццыл наци, кæцы хуылфы кусы адæймагады æнтысты, амондджындзинады æмæ дзæбæхдзинады егъау зæрдæ, – ахæм ныхæстæй, кæцыты кæддæр загъта Илья Чъавчъавадзе, райдыдта йæ раныхас Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, бæстæйы павильоны байгомы церемонийыл, Франкфурты чиныджы æрмукъæйы цытджын уазæгы статусæй.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, аыц гыццыл наци, йæ незаманы историйæ æмæ бонджын къультурæйæ, чырыстонон хæзнатимæ, кæцытæ сæ райдиан исынц IV æнусæй, афтæдæр æргом зæрдæйæ цæттæ у зæгъа йæ сæрмагонд ныхас, адæймагады амондджындзинадæн.
«Махæн стыр кад у Франкфурты чиныджы æрмукъæйыл цытджын уазæгы статусæй бавдыст кæй стæм уый, кæцыйæн ис 500 азон истори. Ац ыпрестижон æмæ масштабон мадзал нын дæтты уникалон фадат, бирæ уæрæхæй дæр равдисæм незаманы æмæ хъæздыг гуырдзиаг культурæ æмæ ацы рæстæджы, алкæмæн фенын кæнæм уыцы цивилизацигонд иудзинад, кæцы иу кæны гуырдзиæгты æмæ европæйæгты.
Гуырдзиаг культурæйы уникалондзинад æмæ бирæгъуызондзинад бадзырдæвæрд уыдысты Гуырдзыстоны равæрдæй, кæцы мингай азты дæргъы, Европæ æмæ Азийы культурон диалогы алвæндагыл, цивилизациты фембæлдты бынат уыд. XI-XII æнусты Гуырдзыстон бацъырдта æппæт цивилизацигонд дунейы алы æнтыстытæ. Фæлæ Гуырдзыстоны сæрмагонд фæд ныууагъдта Европæйаг цивилизацийæн характерон эпохæ, кæцы ф æстагмæ фæбæрæг кодта нæ европæйаг идентондзинад æмæ уымæй тынг сæрыстыр стæм» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, цас бирæгъуызон у Гуырдзыстон зæгъгæ, уый йас хъæздыг æмæ цымидисон у абон дæр, цыфæнды прогресс æмæ ногдзинадæн æргомæй. Æппæт афæдзы дæргъы Германийы масштабæй Гуырдзыстон бавдыста æххæст ресурс литературæйæ, музыкæйæ, театрæй, нывгæнæн аивадæй, кинойæ, фольклорæй æмæ æндæр ардæмадтæй.
Бахтадзейы ныхæстæм гæсгæ, абон гуырдзиаг паддзахад у, уыцы хæзнаты бынадр æмæ дарддæр хæссæг, кæцыты бындур æвæрд æрцыд æнусы размæ.
«Нæ бынат, ис Европæйаг бинонты æхсæн, æмæ сæдæ азы фæстæ дæр Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн æнгæфæцудгæйæ Евроцæдисимæ æмкуысткæнынад. Гуырдзыстоны алы æнтыстытæ, демокративон æмæ экономион тынгад, регионы лидеры позицитæ, сты нæ европаг æмæ евроатлантикон æвзæрсты фæстиуæг.
Уырны мæ, цæмæй нæ хæлардзинад æмæ иумæйаг хæзнатæн иузæрдыгдзинад , фидæны фылдæр фæарфдæр кæндзæн нæ ахастытæ æмæ нæ фестын кæндзæн кæрæдзийæн æнæфæсайгæ æнцойæ» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе.