Мамука Бахтадзе - 21-æм æнусы, адæймагад куы архайы, куыд гæнæн ис афтæ цъус уа барьертæ адæймагæты æхсæн ахастытæн, уыцы рæстæджы нын, ам, Гуырдзыстоны территорийыл ис телтæй æмбондтæ
21-æм æнусы, адæймагад куы архайы, куыд гæнæн ис афтæ цъус уа барьертæ адæймагæты æхсæн ахастытæн, уыцы рæстæджы нын, ам, Гуырдзыстоны территорийыл ис телтæй æмбондтæ, ай у бынтон нæрайсгæ æмæ уырнæг дæн, рæстæг алцыппæт дæр рæстагæй æрбиноныг кæндзæн, кæм цы бынат æмбæлы уымæ гæсгæйæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, Уæрæсе-Гуырдзыстоны 2008 азы августы хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ мадзалы рæстæджы райхъусын кодта, кæцы уагъд æрцыд президенты администрацийы.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй дзуапп уыцы сидтытæн, кæцыты раз дæр абон Гуырдзыстон лæууы, уыдзæн, Европаг типы, фидар паддзахады æмæ демокративон институтты арæзтад уыдзæн.
«Абон 10 азы с æххæст уый фæстæ, Уæрæсе ноджы иу агрессивон акт куы сæххæст кодта Гуырдзыстоны, нæ паддзахаддзинады ныхмæ æмæ абон ам равдыст къамтыл дæр зыны, цæййас стыр рыст æмæ æнæрастдзинад æрхаста алцыппæт ай. Амард 170 гуырдзиаг æфсæддон æмæ 200-йæ фылдæо сабыр æмбæстаг. Мах райстам æфтауцæй дæсгай мин адæймагы, кцытæ тыхыбын фесты цæрæн хæдзæрттæ ныууадзын æмæ фактонæй – этникон ссыгъдæджы ноджы иу улæн Гуырдзыстоны. Ай у иттæг уæззау сидт. Ай у æнæрастдзинады ирд дæнц, кæцымæ æфтыд æрцыд фылдæр агрессивон архæйдтытæ, цæмй масмедийы алцыппæт уый тынг субъективонæй срухс уыдаит. Хорз хъуыды кæнын, куыд агрессивонæй куыста уыцы периоды оккупанты пропагандистон машинæ æмæ куыд архайдта, дунейы æмгарадæн равдыстаит, цæвиттон алцыппæт ай инициргонд уыдис гуырдзиаг паддзахады æрдгæй. Йеуæд нæ хъуыдис риторикæ æмæ пропагандæ атонын æмæ нæ хæлар бæстæтæн, дунейы æмгарадæн уыцы реалон цæсгом равдисын, кæцыйы оккупацион тых нæ территоритыл æххæст кодта. Æуцæгдæр гæнæн ис зæгъын цæмæй журналисттæ, оператортæ æмæ фотографтæ хъайтарты куыст бакодтой. Бахъом сты айсын уый, реалонæй цы митæ кодта оккупант тых, цы агрессийы æмæ æнæадæймагон ахасты дæнц уыдис алцыппæт ай. Мæнæн, куыд хуымæтæг æмбæстагæн, алкæцы ацы адæймагы архайд , уыцы моменты уыд хъайтардзинады дæнц. Алкæмæндæр уын бузныг дзурын уый тыххæй. Фæнды мæ сæ ном ссарын уыцы 3 журналистæн, кæцытæ профессион куысты рæстæджы егъау æхсдзардзинад равдыстой, фæлæ хъагагæн абон махимæ нал сты. Уыйимæ иумæ 11 журналист райстой уæззау тарвмæтæ æмæ мæ фæнды зæгъон уын, – Сымах нæ бæстæй æцæг хъайтартæ стут. 1- азы фæстæ алцыппæт ай, тынг стыр сидт æмæ рыст у. Мах нырма дæр цæрæм а.х. телтæй æмбондты режимы. 21-æм æнусы, адæймагад куы архайы, куыд гæнæн ис афтæ цъус уа барьертæ адæймагæты æхсæн ахастытæн, уыцы рæстæджы нын, ам, Гуырдзыстоны территорийыл ис телтæй æмбондтæ. Цæй зæгъын æй хъæуы, ай у нæрайсгæ æмæ уырнæг дæн, рæстæг алцыппæт дæр рæстагæй æрбиноныг кæндзæн, кæм цы бынат æмбæлы уымæ гæсгæйæ. Нæ дзуапп ацы сидтытæн у, æцæгдæр европаг типы, фидар паддзахады арæзтад, кæцыйы алцы адæймагæн уыдзæн фадат сæрмагонд курдиат æмæ потенциалы реализаци скæнын. Нæ дзуапп ацы сидтæн у демокративон институтты арæзтад æмæ растдæр уый у иунæг, алтернативæ кæмæн нæй ахæм æнхъарæн нæ абхазаг æмæ ирон æмбæстæгтæн, цæмй иумæ саразæм иууон, фидар европаг паддзахад» – райхъусын кодта премьер-министр.
Хицауады сæргълæууæг 2008 азы агусты хæсты æмæ йæ фæстиуджыты æвдисæг фоторавдыстыл ахаста цæст æмæ ноджы иу хатт раарфæ кодта алы уыцы журналистæн, фотографæн æмæ операторæн, кæцытæ хæсты бонты сæрмагонд царды рискъы аргъæй, дунейы æмгарадæн объективон реалондзинад равдисын бахъом сты.
Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй 10 азы сæрмæ гæсгæ баст мадзалыл Гуырдызстоны хицауады, дипломативон корпусы, æмбæстагон секторы æмæ медийы минæвæрттæ уыдысты.