Мамука Бахтадзе - 2020 азы Гуырдзыстон гæнæн ис фыццаг бæстæ суа, кæцы æнтыстджынæй бахъом ис геппатит С -йæн, йæ кæронмæ схафыны цæстæнгасæй
Геппатит, 21 æнусы иуæ-иу сегасæй уæззау сидт у. Вирусон геппатит у ахæм низ, кæцыйы ныхмæ тох кæнынæн хъæуы максималон тыхархайд – уый фæдыл премьер-министр Мамука Бахтадзе, Геппатит С ныхмæ ног кампани – «STOP C»-ы райдаыны фæдыл мадзæлтты тыххæй фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъыгагæн Геппатит С ахæм низ разынд, кæцыйæ бирæ бæстæ ацы низы раз æдых уыд æмæ Гуырдзыстон дæр сæ нымæцы уыдис.
«2012 азы, хицауадмæ куы æрбацыдыстæм, уæд райхъусын кодтам цæмæй нæ сæйраг приоритет уыдаит адæймаг, æмбæстаг æмæ йыл аудын кой кæнын. Фыццаг къахдзæф дæр уыд æнæниздзинады бюджеты рæзынад. Ацы рæзынады нысаниуæгджын æмæ приоритетон бынат ахста геппатит С-ы ныхмæ тох. Ай у серьозон сидт, кæцыйы раз лæууы дуне. Нæ къахдзæфтæ уыдысты уыцы æрдæм ома проблемæйæн бахъом уыдаиккам, æмæ æнæ æфтауæнæй зæгъæн ис цæмæй Гуырдзыстон у уникалон бæстæ, кæцы ацы сидтæн æнтыстджынæй бахъом ис» – райхъусын кодта премьер.
Уый амеркиаг партнертæн æмæ компани «Гилиадс»-æн геппатит С-йæн хосгæнæн медикаменттæй ифтонгады фарстайы тыххæй раарфæ кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрджыты зæгъæн ис иу æртыккаг хай ацыд скрининг æмæ 50 000-ыонг æмбæстаг, баст сты хоскæныны программæйы.
«Скрининг ацы низимæ тохы у иттæг нысаниуæгджын компонент. Уыимæ, геппатит С нæу стигма, идеалон уыдзæн, кæд æрджыты 100 процент ацæудзысты скрининг, цæмæй эффенктивонæй тох кæнæм ацы низы ныхмæ» – райхъусын кодта премьер-министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы Гуырдзыстон гæнæн ис суа фыццаг бæстæ, кæцы æнтыстджынæй бахъом ис геппатит С -йæн, йæ эллиминацийы æмæ кæронмæ схафыны цæстæнгасæй.
«Уый уыдзæн стимул æндæр адæмтæн дæр, цæмæй кæд æхсæнады мобилизацидзинад бантысы æмæ раст стратегий цæуы æххæст, уæд алы низæн схоскæнын ис гæнæн»- банысан кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæма, уый бузныг загхта Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн дæр, кæцытæ баст сты программæйы, хайад исынц фæнысангод низы ныхмæ хæцыны фæдыл дзыллæйы информирдзинады.
«Геппатит С-ы ныхмæ хæцыны æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ, оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министрад, низты кантролы националон центримæ иумæ, геппати С ныхмæ райдыдта ног компани – STOP C.