Мака Бочъоришвили Марко Рубиойæн АИШ-ы паддзахадон нымæрдарæй снысан кæныны фæдыл арфæ кæны – уырны мæ, Гуырдзыстон-АИШ-ы æмахастыты сеппæтæй хуыздæр нырма æнхъæлмæ кæсы
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочоришвили Марко Рубиойæн АИШ-ы паддзахадон нымæрдарæй снысан кæныны фæдыл арфæ кæны. Уый фæдыл Бочъоришвили социалон хыз X-ы фыссы.
«Мæ зæрдиаг арфæ АИШ-ы ног снысангонд паддзахадон нымæрдарæн, Марко Рубиойæн. Æз æнхъæлмæ кæсын нæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстад рæзын кæнынмæ æмæ бастдзинæдтæ фидардæр кæнынмæ. Арфæй мæ уырны, цæмæй Гуырдзыстон-АИШ-ы æмахастыты сеппæтæй хуыздæр нырма æнхъæлмæ кæсы!» – фыссы Мака Бочъоришвили.
Марко Рубио знон официалон æгъдауæй паддзахадон нымæрдарæй сбæлвырд ис. Сенат уынаффæ æмхъæлæсæй райста, 99 хъæлæсæй.