Мака Бочъоришвили ИНО-йы конференцийы фæлгæтты Туркменийы æттаг хъуыдтæгты министр, Рашид Мередовимæ фембæлд
Мака Бочъоришвили ИНО-йы конференцийы фæлгæтты Туркменийы æттаг хъуыдтæгты министр, Рашид Мередовимæ фембæлд

ИНО-йы конференцийы фæлгæтты Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили Туркменийы æттаг хъуыдтæгты министр Рашид Мередовимæ фембæлд. Уый фæдыл информаци фæсарæн хъуыддæгты министрад парахат кæны.

Минитсрады информацийæ, фарсытæ Гуырдзыстон æмæ Туркменийы æхсæн æмкуыстдзинады перспективæтыл æмæ политикон диалогы динамикæйыл фæныхас кодтой. Фæбæрæг кодтой базарадон æмæ экономикон бастдзинæдтæ фидардæр кæныны фадæттæ.

«Бнысангонд æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн бирæвæрсыг форматы æмкуыстдзинад, афтæ дæр æттаг хъуыдтæгты министрадты æхсæн æмæ парламентон æмвæзадыл æнтыстджын бастдзинæдтæ.

Акцентгонд æрцыд «Астæуккаг къæлидоры» æмæ «Сау денджыз-Каспийы денджыз»-ы транспортон-транзитон проекты рæзты æнæмæнгхъæуындзинад, кæцы ахъаз кæны регионалон бастдзинæдтæ фидардæр кæнынæн. Бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон визитты ивæндзинады интенсивондзинад æвæрццагæй аргъгонд æрцыд.

Уый бахахх кодта æддагон хъуыддæгты министрадты ‘хсæн регулярон политикон консультацитæ уадзыны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцытæ сты ахсджиаг платформæ дыууæ бæстæйы æхсæн актуалон фарстатыл æруынаффæ кæнынæн æмæ æмбæлон уынаффæтæ хæссынæн.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Тбилисмæ йæ туркменаг коллегæйы фæхуыдта. Гуырдзыстоны делегаци премьер-министры сæргълæудæй Туркменийы цæугæ ИНО-йы конференцийы исы хайад» -ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.