Мака Бочъоришвили – Гуырдзыстоны фæнды регионы сабырад æмæ стабилондзинад, уый тыххæй дæр ноджы иу хатт бахахх кæнын Гуырдзыстоны хицауады сабырадон политикæйы тых
Мака Бочъоришвили – Гуырдзыстоны фæнды регионы сабырад æмæ стабилондзинад, уый тыххæй дæр ноджы иу хатт бахахх кæнын Гуырдзыстоны хицауады сабырадон политикæйы тых

Феридун Синирлиоглуйæн бузныг зæгъын Гуырдзыстонмæ йæ визиты тыххæй. Ацы аз ныридæгæн цалдæр хатт фембæлдыстæм, кæцы ноджы иу хатт бæлвырд кæны ОБСЕ-йы нысаниуæг Гуырдзыстонæн. Уый дæр амоны генералон нымæрдары цæттæдзинад активон æмкуыстдзинадмæ, цæй тыххæй йын ноджы иу хатт бузныг зæгъын – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочоришвили ОБСЕ-йы генералон нымæрдар Феридун Синирлиоглуимæ иумæйаг брифингыл расидтис.

Мака Бочъоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, ОБСЕ-йы генералон нымæрдары визит Гуырдзыстонмæ нысаниуæгджын фидиуæн æмæ къахдзæф у.

«Гуырдзыстон у ОБСЕ-йы хайадисæг паддзахад, кæцыйæн Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады фарстатæ сты сеппæтæй актуалон æмæ ахсджиаг. Уымæ гæсгæ, ОБСЕ-йы сырæзты 50 азы юбилейы мах фидарæй уырны, цæмæй ацы организацийæн хъуамæ уа фадат кусын Европæйы æдасдзинадыл. Уый тыххæй ОБСЕ-йы хайадисæг бæстæтæ хъуамæ баззайой æнæфæцудгæ æхсæнадæмон барад æмæ организаци, кæцыйыл бындуриуæг кæны ацы организаци», — загъта Бочъоришвили.

Æттаг хъуыдтæгты министрады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, æнæкомкоммæ фембæлды рæстæджы фæныхас кодтой регионы уæвæг уавæрыл æмæ æркастысты Гуырдзыстоны раз лæууæг æртхъирæнтæм.