Мака Бочъоришвили – Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ Азербайджаны æртæфарсон формат хорз фадат у регионæн нысаниуæгджын фарстатыл æруынаффæ кæнынæн
Мака Бочъоришвили – Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ Азербайджаны æртæфарсон формат хорз фадат у регионæн нысаниуæгджын фарстатыл æруынаффæ кæнынæн

Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ Азербайджаны æхсæн министрты хæдивджыты æмвæзадыл фыццаг фембæлд абон сырæзт. Уый у иттæг нысаниуæгджын диалог, кæцыйы фысым кæны Тбилис – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили расидтис.

Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы æртæвæрсыг формат у хорз фадат регионæн ахсджиаг фарстатыл æруынаффæ кæнынæн.

«Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министрадты минæвæртты хайадистæй уагъд æрцыд фембæлд, кæцы хорз фадат у нæ регионы тыхсынгæнæг фарстатыл æруынаффæ кæнынæн.Гуырдзыстонæн ис нысан, максималонæй нæ регионы сабырад æмæ стабилондзинадæн ахъаз кæна.Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæдæр сыхæгтимæ, Азербайджанимæ æмæ Сомихстонимæ ахастытæ ацы форматы ахсджиаг сты ацы форматы. рæстæг. Махæн нæ бон уыд регионæн нысаниуæгджын фарстатыл æруынаффæ кæнын кусæн форматы, ныфс мæ ис, цæмæй ацы форматы æртæ бæстæйы æхсæн куыст адарддæр уыдзæн æмæ нæ бон уыдзæн æруынаффæ кæнын æмæ адарддæр кæндзыстæм куыст алы æртæ бæстæйæн дæр нысаниуæгджын фарстатыл фидæны», -расидтис Бочъоришвили.