Мака Бочъоришвили - Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн стратегион партнерад нысаниуæгджын у нæ бæстæтæн æмæ регионы стабилондзинадæн
Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн æмкуыстдзинад, хæлардзинад æмæ стратегион партнерад нысаниуæгджын сты нæ дыууæ бæстæйæн дæр, афтæ дæр регионы дидинæфтыд æмæ стабилондзинадæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили, Сомихыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Арарат Мирзоянимæ фембæлды фæстæ расидтис.
«Гуырдзыстон æхсызгон у Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн сабырадон бадзырд, кæцы бафыст æрцыд Вашингтоны 8-æм августы. Ацы историон бадзырд æцæгæйдæр у къахдзæф Хуссар Кавказы æнæфæцудгæ сабырад æрфидар кæныны æрдæм æмæ фæндаг гом кæны регионы дæргъвæтин стабилон рæзтæн. регионалон æмкуыстдзинады фæтыхджындæр кæнынæн. Банысан кæнын мæ фæнды, цæмæй ацы аз, Тбилисы уагъд æрцыд фыццаг æртæвæрсыг фембæлд Армени-Гуырдзыстон-Азербайджан, кæцыйы нысан уыд Хуссар Кавказы бæстæты æхсæн кæрæдзийæн пайдаджын æмкуыстдзинадæн бындур æрæвæрын мæ зæрдæ дарын, цæмæй ацы æмгуыстад адарддæр уыдзæн æмæ æртæ бæстæйæн дæр нысаниуæгджын фæстиуджытæ æрхæсдзæн. Сомихыстон у Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æнæфæцудгæ фарсылхæцæг, æмæ уый æвдыст цæуы æппæтдунеон æмвæзадыл» – расидтис Бочъоришвили.