Мака Бочъоришвили – Гахариа «Нацзмæлдимæ» æргомæй бахиздзæн коалицимæ, уый æппæт та цæуы уый тыххæй, цæмæй «Картули Оцнебайы» ныхмæ оппозицион партитæм уа иугонд фронт
Æппынфæстагмæ Гахариа, «Нацзмæлдимæ» æргомæй бацæудзæн коалицимæ, уый æппæт та цæуы уый тыххæй, цæмæй «Картули Оцнебайы» ныхмæ, оппозицион партитæн уа иугонд фронт, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили райхъусын кодта.
Бочъоришвилийы бафарстой парти «Гуырдзыстоны Тыххæй» сæрдар «Гуырдзиаг Хартий» кæй бафыста уый тыххæй.
«Уый æппæт цæуы, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады, «Картули Оцнебайы» ныхмæ алы оппозицин партийæн уа иугонд фронт. Фæстаг азты цы фæдтам – цæвиттон «Нацзмæлд» ныппырх ис æмæ цæвиттон сты хицæнæй архайæг политикон партитæ – уый у гæдыдзинад. Æцæгæй ис иу «Националон Змæлд» йæ дæлхайадтæ æмæ къалиутæ. Абон æви сом, алчи уыцы ранмæ бацæудзæн, кæцæй дæр рацыдысты», – райхъусын кодта Мака Бочъоришвили.